Шри-Ланкайы полици публикаци скодта террористон  бырстыты гуырысхогондты къамтæ
Шри-Ланкайы полици публикаци скодта террористон бырстыты гуырысхогондты къамтæ

Шри-Ланкайы  полици  террористон  бырстыты   гуырысхогондты къамтæ   публикаци скодта.  Шри-Ланкайы   полицийы   информацийæ,  бырстытæм гæсгæ,  ахст  70-йæ фылдæр гуырысхогонды  æхсæн фондз сылгоймæгтæ сты.

Шри-Ланкайы   æфсад  терроистон   хызаджы   ликвидацийы  нысанæй, 10 мин  æфсæддоны   ракодта. Шри-Ланкайы   премьер-министры  фидиуæнæй,   террористон   бырстытимæ   баст  гуырысхогондты   хай,   ахст не сты  æмæ гæнæн ис  рæмудзæн гарзæгтæ сын рæувадат уа.

Шри-Ланкайы  масштабæй  контр-террористон   операци  ацы  афонмæ дарддæр кæны. Шри-Ланкайы  æрцæугæ   срæмыгъдтæм гæсгæ,  бæстæйы   хъахъхъæнынады  министр, йæ  пост ныууагъдта.  21  апрелы  Шри-Ланкайыл  терактты  серийы фæстиуæгæн  359  адæймаг  амард, 500-йæ  фылдæр  та   фæцæф сты.