Абон Шиндисы хæсты Æмардуæвæг хъайтарты мысынц. ХЪайтарты мемориалы цурмæ, Гуры районы хъæу Шиндисы æфсæддæтты нæмттæ ссардзысты.
Шиндисы хæст 2008 азы 11 августы уыд. Уырыссаг æфсæддон хайимæ æнæмбæрц тохы рæстæджы 17 гуырдзиаг æфсæддон фæхъуыд – Александре Ониани, Эмзар Цъилосани, Вепхиа Джишкариани, Звиад Къацадзе, Темйураз Беридзе, Илиа Габуниа, Илиа Шехълашвили, Ираклий Джанелидзе, Каха Къошадзе, Леван Мелкадзе, Марлен Барамиа, Михеил Двалишвили, Николоз Порчхидзе,Роман Зоидзе, Руслан Цъуладзе, Феликс Какауридзе æмæ Шмаги Къупатадзе.
2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæйы 11 азы рацыд. Гуырдзиаг хъæуты æрдæм æхст нырма 2008 азы июлы райдыдтой, уавæр сæрмагондæй фæкарз ис 7 августы, артиллерион æхсты бын фесты хъæутæ Нул, Аунев, Прис, Дван, кæцыйы фæстæ 7 августы æхсæвы рæгмæ, дзуаппон æхст сырæзт. 8 августы сæумæрайсом та, Рукъы тунелæй Цхинвалы регионмæ Уæрæсейы 58-æм армийы колоннæ æрбацыд.
Гуырдзиаг иугæндтæ кæцытæ Цхинвалы хайы бацахстой, уырыссаг авиацийы бырсты фæстиуæгæн фæстæмæ ралæууылдысты. Уырыссаг авиаци бомбæтæ калдта Гуры, Поттийы портыл, Сенакийы æмæ Марнеулийы æфсæддон базæтыл, Вазианийы базæйыл, авиацион заводыл æмæ Квишианийы хохыл уæвæг радарыл. Де-факто режимты кантролгонд территоритæй уæлдай, уырыссаг æфсæддæттæ афтæдæр бацахстой Къодоры Ком, Поти, Зугдиди, Сенаки, Ахалгори, Гуры районы цалдæр хъæу æмæ Сачхерейы районы хъæу Пъереу.
ИНтенсивон хæцæн архæйдтытæ фондз бон аххæссыдысты, активон хæстон архæйдтты урæд та æрмæст æхсæнадæмон æмгарады фæактивон кæныны фæстиуæгæн бантыст.
Хæсты фæудæй рæхджы, Уæрæсе, Абхаз æмæ «Хуссар ИРыстоны» хæдбарад банымадта.
2008 азы къухæвæрд æхсты фæурæды фæдыл бадзырды официалон Мæскуы абоны онг не ххæст кæны.
412 фæмардуæвæг,сæ нымæцы 169 æфсæддон; 1 747 цæф; 130 мин тыхбын бынативгæ уæнг, кæцытæй 30 мин абоны онг лигъды цæрынц; 35 мин скуынæггонд хæдзар; 53 скуынæггонд гуырдзиаг хъæу; Уæрæсейы æрдгæй уæлæмхасæй оккупацигонд ноджы 5 ком æмæ 125 хъæу; Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ абоны онг тыхыбын сты телæмбондты иннæ фарс цæрын – адон сты августы хæсты фæстиуджытæ.