Шиндисы  хæстæй  11 азы рацыд
Шиндисы хæстæй 11 азы рацыд

Абон  Шиндисы  хæсты Æмардуæвæг  хъайтарты  мысынц.  ХЪайтарты  мемориалы  цурмæ, Гуры районы хъæу Шиндисы   æфсæддæтты нæмттæ  ссардзысты.

Шиндисы хæст  2008 азы  11 августы уыд.  Уырыссаг æфсæддон  хайимæ  æнæмбæрц  тохы рæстæджы 17 гуырдзиаг  æфсæддон фæхъуыд –  Александре  Ониани, Эмзар Цъилосани, Вепхиа Джишкариани, Звиад Къацадзе, Темйураз  Беридзе, Илиа Габуниа, Илиа Шехълашвили, Ираклий Джанелидзе, Каха Къошадзе, Леван Мелкадзе, Марлен  Барамиа, Михеил Двалишвили, Николоз  Порчхидзе,Роман Зоидзе, Руслан Цъуладзе, Феликс  Какауридзе æмæ Шмаги Къупатадзе.

2008 азы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæстæйы  11  азы рацыд. Гуырдзиаг  хъæуты æрдæм æхст нырма  2008  азы  июлы   райдыдтой,  уавæр  сæрмагондæй  фæкарз ис  7 августы, артиллерион  æхсты  бын  фесты хъæутæ Нул, Аунев, Прис, Дван, кæцыйы фæстæ  7 августы æхсæвы рæгмæ, дзуаппон æхст сырæзт.  8 августы  сæумæрайсом та, Рукъы тунелæй   Цхинвалы регионмæ  Уæрæсейы  58-æм армийы   колоннæ   æрбацыд.

Гуырдзиаг иугæндтæ  кæцытæ   Цхинвалы хайы  бацахстой,  уырыссаг авиацийы  бырсты  фæстиуæгæн фæстæмæ ралæууылдысты.  Уырыссаг  авиаци  бомбæтæ  калдта  Гуры, Поттийы  портыл,  Сенакийы æмæ Марнеулийы  æфсæддон базæтыл,  Вазианийы  базæйыл,  авиацион заводыл æмæ Квишианийы  хохыл  уæвæг радарыл.  Де-факто  режимты кантролгонд  территоритæй  уæлдай,  уырыссаг æфсæддæттæ   афтæдæр бацахстой  Къодоры  Ком, Поти, Зугдиди, Сенаки, Ахалгори, Гуры  районы  цалдæр хъæу æмæ Сачхерейы  районы хъæу Пъереу.

ИНтенсивон  хæцæн  архæйдтытæ  фондз бон аххæссыдысты, активон   хæстон  архæйдтты урæд та   æрмæст æхсæнадæмон  æмгарады  фæактивон кæныны фæстиуæгæн  бантыст.

Хæсты фæудæй  рæхджы,  Уæрæсе, Абхаз æмæ «Хуссар ИРыстоны»  хæдбарад банымадта.

2008 азы  къухæвæрд  æхсты фæурæды фæдыл  бадзырды официалон Мæскуы абоны онг не ххæст кæны.

412  фæмардуæвæг,сæ нымæцы 169 æфсæддон; 1 747 цæф; 130 мин  тыхбын бынативгæ  уæнг, кæцытæй  30 мин  абоны онг  лигъды  цæрынц; 35 мин  скуынæггонд  хæдзар; 53  скуынæггонд гуырдзиаг хъæу; Уæрæсейы æрдгæй  уæлæмхасæй оккупацигонд  ноджы  5  ком æмæ 125 хъæу; Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ  абоны онг  тыхыбын сты  телæмбондты иннæ фарс  цæрын –  адон сты августы хæсты фæстиуджытæ.