Шарль Мишель - Сомихыстон-Азербайджаны арæныл æфсæддон архæйдтытæ æнæаргъæвгæйæ бауромын хъæуы
Европæйы Советы президент Шарль Мишель Сомихыстон-Азербайджаны арæныл цæугæ фæзындты кой кæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сомихыстон-Азербайджаны арæныл æфсæддон архæйдтæ æнæаргъæвгæйæ бауромын хъæуы æмæ фарсытæ хъуамæ æрыздæхой бадзырдты фингмæ.
«Уæлхох Карабахы конфликты зонæйæ рацæугæ информаци æфсæддон архæйдты райдаыны фæдыл серзозонæй мæтæфтауæг у. Æфсæддон архæйдтытæ æнæаргъæвгæйæ бауромын хъæуы, цæмæй дарддæр эскалаци мауал уа. Цыфæнды уæлдай ныхасæй цух, бадзырдты фынгмæ æрыздæхын у иунæг фæндаг» – фыссы Шарль Мишель.