Шарль Мишел Путинимæ телефонæй ныхасы рæстæджы Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн Евроцæдисы фарсхæцын сбæлвырд кодта
Европаг Советы президент Шарль Мишель Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ телефонæй дзырды рæстæджы Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн Евроцæдисы фарсхæцын сбæлвырд кодта.
Фæнысангонды тыххæй Шарль Мишел фыссы социалон хызаг «Твиттеры».
Европаг Советы президент куыд банысан кодта афтæмæй, Владимир Путинимæ ныхасы рæстæджы æркастис Афгъанистаны фæстаг рæстæджы айтынггонд фæзындтæ æмæ сæ æндæвдад регионыл.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Евроцæдис æмæ Уæрæсе интересджын сты регионон стабилондзинадæй. Уый приоритетонæй схуыдта гуманитарон катастрофæйæ хибахизын, терроризмы, наркобазарады ныхмæ тох æмæ адæймаджы барты хъахъъхæд схуыдта.
«Сбæлвырд кодтон Евроцæдисы фарсхæцын Украина æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын. Баивдтам хъуыдытæ Сомихыстон-Азербайджаны конфликты срегулир кæныны фæдыл – æнæмæнгхъæугæ у æууæнк сæндидзын кæнын æмæ диалог. Бафаудтон Белорусы æрдгæй Евроцæдисы уæнг падздахадты ныхмæ æнæзаконон миграцийы мæцъисæй скæныны архайд» – фыссы Шарль Мишел «Твиттеры».