Шарль Мишел Путинимæ телефонæй  ныхасы рæстæджы  Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн Евроцæдисы фарсхæцын  сбæлвырд кодта
Шарль Мишел Путинимæ телефонæй ныхасы рæстæджы Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн Евроцæдисы фарсхæцын сбæлвырд кодта

Европаг  Советы президент Шарль Мишель Уæрæсейы  президент  Владимир  Путинимæ телефонæй дзырды  рæстæджы  Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  территорион æнæхъæндзинадæн  Евроцæдисы фарсхæцын  сбæлвырд кодта.

Фæнысангонды тыххæй   Шарль Мишел  фыссы социалон хызаг «Твиттеры».

Европаг  Советы  президент куыд банысан кодта афтæмæй,   Владимир Путинимæ ныхасы  рæстæджы æркастис  Афгъанистаны  фæстаг рæстæджы айтынггонд  фæзындтæ  æмæ сæ æндæвдад регионыл.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  Евроцæдис æмæ Уæрæсе интересджын сты  регионон стабилондзинадæй.  Уый приоритетонæй схуыдта гуманитарон  катастрофæйæ хибахизын, терроризмы, наркобазарады  ныхмæ  тох æмæ адæймаджы барты  хъахъъхæд схуыдта.

«Сбæлвырд кодтон Евроцæдисы фарсхæцын Украина æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын.  Баивдтам  хъуыдытæ  Сомихыстон-Азербайджаны   конфликты срегулир кæныны фæдыл – æнæмæнгхъæугæ у æууæнк  сæндидзын кæнын  æмæ   диалог.  Бафаудтон  Белорусы æрдгæй Евроцæдисы  уæнг  падздахадты ныхмæ  æнæзаконон  миграцийы мæцъисæй скæныны архайд» – фыссы  Шарль Мишел «Твиттеры».