Шарль Мишель Гуырдзыстонмæ æрвиты сæрмагонд минæвары, кæцы Евроцæдисимæ разыйæ цæугæ политикон диалогмæ баиу уыдзæн
Европаг Советы президент Шарль Мишель Гуырдзыстонмæ æрвиты сæрмагонд минæвары, кæцы Евроцæдисимæ разыйæ цæугæ политикон диалогмæ баиу уыдзæн. Уый фæдыл Евроцæдисы Советы ахæлиугонд пресс-релизы дзырдæуы.
Кристиан Даниелсонæн Европаг Советы президент Шарль Мишель сæрмагонд минæвары мандат, бæрзонддæр еврокомиссар Жозеп Борелимæ разыйæ ратта.
Европаг Советы фидиуæны банысангонд у, цæмæй Кристиан Даниелсон Гуырдзыстонмæ æввахс фидæны æрцæудзæн æмæ диалогæй цымидисджын фарстимæ бадзырдтæ ауадздзæн. Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, даниелсон æнгом æмкуыст кæндзæн Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелимæ бæстæйы уæвæг политикон тынгад ивтыгъд суадзынæн.
Кристиан Даниелсон у Еврокомиссийы минæварады къухдариуæггæнæг Швецийы, уæдмæ та куыста Швецийы иудадзыг минæварæй. 2011 азы снысан ис Европаг Комиссийы генералон нымæрдары хæдивæгæй. 2013 азы Даниелсон ссис ауæрæхы фарстæты генералон директор, 2015 азæй та сыхагон фарстæты æмæ ауæрæхы фæдыл бадзырдты хъуыддæгты генералон директорæй.