Фæнды мæ ноджы иу хатт уын фехъусын кæнон Евроцæдисы æрдгæй хæлардзинады тыххæй, – уый фæдыл Европаг Советы президент Шарль Мишель, Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ фембæлды фæстæ фехъусын кодта.
«Мæ абоны фембæлд, афтæ куыд знон Молдовæйы æмæ райсомы та Украинайы, уый у партнерады месидж Евроцæдисæй регионы бæстæтæм. Евроцæдисы фæнды баззайын Гуырдзыстоны фарсмæ, уæ суверенитеты, уæ территорион æнæхъæндзинады сæрыл хæцын. Зонæм регионы тынг комплексон кæй у, уый. Афтæдæр йæ фарс хæцæм уыцы амбицитæн, цæмæй сыххæст уæд реформæтæ æмæ «Ковид-19», кæцы бырсы алы бæстæмæ дæр, ам дæр æмæ æппæт дунейы дæр, ацы уавæр стабилон скæнæм. Фæнды мæ ам уæвынæй спайда кæнын æмæ уын ноджюы иу хатт фехъусын кæнын Евроцæдисы æрдгæй хæлардзинады тыххæй», – райхъусын кодта Шарль Мишель.
Гуырдзыстоны официалон визитæй уæвæг Европаг Советы президент Шарль Мишель абон уадзы официалон фембæлдтæ.
Визиты фæлгæтты Шарль Мишель Орбелианиты галуаны фембæлдис Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ. Шарль Мишелæн афтæдæр плангонд сты фембæлдтæ Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзеимæ æмæ политикон партиты лидертимæ.
Европаг Советы президент, хъæу Хурвалеты цур оккупацион хаххы бæрæгдзау ныццæудзæн, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады ног офисы инаугурацимæ бацæудзæн æмæ Евроцæдисы финансгонд проекттæ абæрæг кæндзæн.Шарль Мишель Гуырдзыстонæй 2 марты ацæудзæн.