Шарль Мишель - алы фарс дæр хъуамæ равдисæт лидердзинад, уавæры деескалацийæн фæтыхджындæр кæнæд тыхархайд æмæ баиу уæд
Саломэ Зурабишвилиимæ фембæлдыл æркастыстæм политикон кризис, алы фарс дæр хъуамæ равдисæт лидердзинад, уавæры деескалацийæн фæтыхджындæр кæнæд тыхархайд æмæ баиу уæд, – уый фæдыл Европаг Советы президент Шарль Мишель фыссы социалон хызаг «Твиттеры».
«Тбилисы ноджы иу хатт фæныхас кодтон Еврроцæдисы иузæрдыгдзинадыл йæ хурыскæсæйнаг партнертæм, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фæдыл. Саломэ Зурабишвилиимæ иумæ афæлгæстам политикон кризис: алы фарс дæр хъуамæ равдисæт лидердзинад, уавæры деескалацийæн фæтыхджындæр кæнæд тыхархайд æмæ баиу уæд» – фыссы Шарль Мишель.
Гуырдзыстоны официалон визитæй уæвæг Европаг Советы президент Шарль Мишель абон уадзы официалон фембæлдтæ. Визиты фæлгæтты фыццаг фембæлд Европаг Советы президент ауагъта Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ. Фембæлды фæстæ Гуырдзыстоны президент æмæ Европаг Советы президент медийæн иуæймаг фидиуæнтæ сарызтой.