Шалва Тадумадзе план кæны адæймаджы барты Европæйы тæрхондонмæ бахъаст кæнын санкциты тыххæй
Гуырдзыстоны уæллаг тæрхондоны уголовон палатæйы сæрдар Тадумадзе Шалва фыстæгимæ ныхас кæны Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвилимæ.
Фыстæджы куыд банысангонд у афтæмæй, Шалва Тадумадзе адæймагы барты европон тæрхондонмæ тæрхон кæныны тыххæй хъаст бахæссын план кæны, цæмæй юридикон æгъдауæй сног кæна йæ бындурон бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ, кæцыты Лиетувæйы паддзахад хæлдта.
«Курын уæм, æхсæнадæмон барадæй снысангонд уагæвæрдтæм гæсгæ, цæмæй уæ дæлбар уагдон (бæрнон кусæг) æрхона Лиетувæйы Республикæйы минæвары æмæ сифтонг кæна мæ уæвынад банысангонд фембæлдыл, цæмæй бæрнон кусæг бамбарын кæна мæн цæй бындурыл Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр райста æнæзондæй уынаффæ æмæ мæ кой кодта санкцигонд адæймæгты номхыгъды, куыд «гуырдзиаг политик». Афтæ ма мæ фæнды райсын официалон æмбарынгæнæн, цавæр бæлвырдгæнæнтæ æмæ информацийы бындурыл мæ Лиетувæйы паддзахад банымадта Гуырдзыстоны адæймаджы бындурон барты æнæнхъæлæджы халæгыл, уыцы рæстæджы мæ тæрхондонон карьерæйы рæстæджы æз æркастæн 5000 уголовон хъуыддагмæ æввахс æмæ æрмæст дыууæ Адæймаджы барты фæдыл Европæйы тæрхондонмæ бахъаст кодтой 20 хъуыддаджы. Дыууæ хъуыдтагы фæдыл дæр (Гиоргий Угулава Гуырдзыстоны ныхмæ æмæ Давит Кезерашвили Гуырдзыстоны ныхмæ) адæймаджы барты фæдыл Европæйы тæрхондон ирдæй бамбарын кодта, цæмæй мæ рдыгæй райсгæ уынаффæтæ сты юридикон æгъдауæй растгонд æмæ политикон æгъдауæй æнæхин.
Мæ курдиаты æнæмæнгхъæуындзинад æмæ минæваримæ фембæлды æнæмæнгхъæуындзинад уымæн у, æмæ фидæны æз фæнд кæнын адæймаджы барты Европæйы тæрхондонмæ курдиат бадæттын Лиетувæйы ныхмæ, цæмæй юридикон æгъдауæй сног кæнон мæ бындурон бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ, кæцытæ хæлд æрцыдысты Лиетувæйы паддзахад», – ис фыст Шалва Тадумадзейы фыстæджы.