Ныфс нæм ис Гуырдзыстонмæ æрыздæхдзыстут, цæмæй фенат уæ хæлар бæстæ æмæ уыдзыстут Гуырдзыстоны зæрдæрисджытæ Украинайæ, м зæрдæ Украинайæн зæгъхы уæлахиздзинады арфæтæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили парламенты уагъд мадзалыл райхъусын кодта, цы ран Гуырдзыстон уазæгуат уæвæг украинаг сабитæн сфысым кодтой.
Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ украинаг сывæллæтты Гуырдзыстоны уæвын сæрмагондæй нысаниуæгджын кæны æнæрмæст парламентон хæлардзинады къордты, куыд парламентон дипломатийы инструменты, фæлæ ма адæймагон ахастытæ фæарфдæры цстæнгасæй.
Парламенты сæрдар вице-спикер Арчил Талакъвадзеæн, Украинайы Радæйы депутаты, Людмила Марченкойы æмæ Гуырдзыстоны хицауадæн, сывæллæтты æрласыны æмæ сæ Гуырдзыстоны уæвыны организацидзинадæн бузныг загъта.
Украинайы Радæйы депутат, Гуырдзыстоны парламентимæ хæлардзинады къорды æмсæрдар,Людмила Марченко гуырдзиаг коллегæтæн украинаг сывæллæттæн Гуырдзыстоны фысымдзинадæн раарфæ кодта æмæ банысан кодта цæмæй дыууæ бæстæйы хæлардзинады рухс æмæ дырыс бæлвырдгæнæн у уыцы ахаст, кæцыйы Гуырдзыстон æвдисы Укринайы æмæ украинаг сывæллæтты.
Мадзалы кæрон, Гуырдзыстоны парламенты номæй, украинаг сывæллæттæн зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ парламенты цытджын уазæгы сертификаттæ уыд лæвæрд.
Украинаг уазджытæн арызт уыд тур парламентмæ. Уый украинаг сывæллæтты дыккаг къорд у, кæцы гуырдзиаг фарсы хуындæй æрцыд Гуыдзыстонмæ. Украинаг сывæллæтты Гуырдзыстонмæ æрласыны организацигæнæг уыд Гуырдзыстоны парламенты æмæ культурæйы, спорты æмæ фæсивæды министрады иуæймаг тыхархайдæй.