Шалва Папуашвили – Саакашвили æрбахъуызыд æмæ нæ æдадсзинады куыст куы нæ уыдаит, уæд чи зоны кæй танк лæууыдаит уынджы, фыдгæнæджы бамбæхсынæй Европæ нæ укæд бакодта уыцы арæнмæ, бæстæйы гæнæн куы уыдис æмбæстагон быцæудзинад райдаын
Михеил Саакашвили æрбахъуызыд Гуырдзыстонмæ æмæ нæ æдасдзинады куыстытæ куы нæ уыдаиккой, уæд чи зоны, цы уавæр уыдаит уынджы, кæй танк лæууыдаит æмæ цавæр змæстытæ уыдаит бæстæйы, мах аирвæзын кодта нæ æдасдзинады куыст, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили загъта журналисттæн.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ европæ фыдгæнæджы æмбæхсынæй бæстæ бакодта уыцы сырх хаххы онг, кæцы рæстæджы гæнæн ис мидæмбæстагон быцæудзинад райдыдтаит.
«Иу цыдæр хъуамæ загъдæуа æмæ йæ зæгъдзынæн, куыд Гуырдзыстоны æмбæстаг. 2018 азæй райдайгæ, Михеил Саакашвилийæн æртыккаг инстанцийæ куы стæрхон ис æфхæрд, ацы адæймаг сæрибарæй рацу-бацу кодта Европæйы. Уый нымæцы, Брюсселы къæлидортьы. Йеуæд мах дзырдтам, цæмæй фыдгæнæгыл къух бамбæрзын æй удцырын кæны, цæмæй сызмæнта уавæр Гуырдзыстоны. Хъуыды йæ кæнæм, уыцы периоды цалынмæ æрбахъуызыдаит Гуырдзыстонмæ, цыппар-фондз азы бæрц сæрибарæй рацу-бацу кодта, сæрибарæй иста хайад æндæр æмæ æндæр мадзæлтты, тугтæрхоны барадсæттæгæн йæ къух истой, йемæ ныхас кодтой æмæ йæ уагътой къæлидорты, уый та уырдгæй æндæр æмæ æндæр горæттæй иу ссиу ис телеуынынады комкоммæ эфирты, комкоммæ фæткдæтта оппозицийы политикон бонвæтк Гуырдзыстоны, куыд Украинайы æмбæстаг æмæ уый нымæцы бæрзонд рангы гæс. Алы хатт уый тыххæй дзырдтам алкæмæн, цæмæй уый у Гуырдзыстоны адæмы ныхмæ, фыдгæнæгыл сæ къух куы æмбæрзынц уæд, уый нымæцы Европæйы иуæй-иу бæстæйæн, æмæ йæ нæ дæттынц Гуырдзыстонмæ. Цæй тыххæй сæ бафæдзæхстам, уый æрцыд. Ацы адæймаг æрбахъуызыд æмæ зæгъгæ нæ æдадсзинады куыст нæ уыдис, уæд чи зоны ацы бæстыхайы абон цы уыдаит, цы уавæр уыдаит уынджы, кæй танк лæууыдаит æмæ цавæр змæст уыдаит бæстæйы. Аирвæзын нæ кодта нæ æдасдзинады куыст. Хъыгагæн, Европæ йеуæд, фыдгæнæгы куы æмбæхста йæхимæ, уымæй нæ бакодта уыцы сырх хаххы онг, цы ран гæнæн ис уыдаит æмбæстагон быцæудзинад», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.