Шалва Папуашвили, парламентон делегациимæ иумæ, Мальтæ æмæ Италиайы Республикæтæм ныццæудзæн
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Шалва Папуашвили, делегациимæ иумæ 7-12 зæрдæвæрæны, визитæй Мальтæ æмæ Италийы Республикæтæм араст уыдзæн. Информаци хъусын кæны парламенты прескуыст.
Афтæма сæ информацийæ, парламенты сæрдар фембæлдзæнис Мальтæйы Республикæйы парламенты спикеримæ æмæ Мальтæйы Республикæйы президентимæ. Фембæлд ацæудзæн Мальтæйы парламенты æддагон æмæ Ервопаг хъуыддæгты комитеты уæнгтимæ.
«Визиты фæлгæтты плангонд сты фембæлдтæ Ватиканы апостолон галуаны хурыскæсæны аргъуанты дикастерийы префектимæ æмæ Сыгъдæг Аргъуаны паддзахадон нымæрдаримæ.
Парламенты сæрдар æмæ делегацийы уæнгтæ Италиайы парламенты дæллаг палатæйы сæрдар Лоренцо Фонтанаимæ æмæ сенаты вице-президент Джан Марко Чентинаиоимæ фембæлдзысты.
Гуырдзыстоны парламентон делегаци, парламенты сæрдары къухдариуæгæй, Италиайы Республикæйы Европаг хъуыддæгты министримæ, Рафаелле Фитоимæ æмæ Италиайы фæсарæн хуъыддæгты æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады министры хæдивæгимæ Эдмондо Чириелиимæ фембæлдзысты.
Фембæлдтæ ацæудзæн Итали-Гуырдзыстоны парламентон хæларады къорды уæнгтимæ æмæ гуырдзиаг диаспорæйы минæвæрттимæ», – дзырдæуы информацийы.