Шалва Папуашвили – ницы æнкъарæн ис, цæмæй Гуырдзыстоны æрдгæй æнæвизæйон режимы урæды фæдыл æппæрццаг æскъуыддзаг уыдзæн, уымæн бындур нæй
Абон уый, цæмæй Евроцæдисы экономикæйы рæзт иу процент у, Гуырдзыстоны та дæс процент у, уымæн æмæ экономиконæй раст хъуыды кæнæм. “Визæтæ куы æрæхгæной æмæ уыцы бæстæйы æхца хардзгæнæг туристты куы нæ бауадздзысты, уæд уыдонæн дæр ацы рæзт нæ уыдзæн. Мах, гуырдзиаг адæм хъуамæ ахъуыды кæнæм ацы хъуыддагыл дæр,” – расидтис парламенты сæрдар Шалва Папуашвили «Имеди ТВ»-йы.
Фысым æй бафарста, æнхъæлмæ кæсы æви нæ, цæмæй Евроцæдис визæты либерализаци æрлæууын кæндзæн æмæ кæд афтæ у, уæд куыд реагир кæндзысты адæм.
«Æз ницы æнхъæл дæн, цæмæй уыдзæн æппæрццаг уынаффæ Гуырдзыстоны æрдгæй æнæвизæйон режимы æрурæды фæдыл. Фæлæ уый махæн у тынг раст акцент, цæмæй бамбарæм, кæдæм кæсы европæйаг бюрократи. Уый хауы 61 бæстæмæ æмæ уый у политикон æлхъывдады æмæ шантажы фæрæз. Афтæ зыны, цыма абон Брюсселы бюрократийы хайы фæнды æндæр æндæвдад æвзæрын кæнын бæстæтæ. Адæм, кæцытæ нын дзурынц европæйаг аргъдзинæдты тыххæй æмæ тынг уарзынц дзырд аргъ, афтæ уазал тугæй, прагматиконæй, адæмыл æндæвдад æвæргæйæ, уыдон хъуыды кæнынц, цæмæй сæ къухты ис ахæм фæрæз, цæмæй æндæр бæстæты политикæйыл æндавой.
Гуырдзыстонимæ æнæвизæйон змæлды фæурæды тыххæй та, уымæн бындур нæй. Абон хъуыстон Германийы минæвары интервьюмæ, кæцы загъта, цæмæй визæ привилеги у, мах ын хъуамæ аргъ кæнæм. Раст уын куы зæгъон, уæд уыцы сæрыстырдзинад, хъыгагæн, характерон у немыцаг минæварæн. Æнæвизæйæ балцы цæуын хуыцауы лæвар у?! Немыцæгтæн ма нæм ис æнæвизæйæ балц, уæдæ цы?! Алкæмæй дæр хатыр курын, фæлæ ацы æнæвизæйон балц нысан кæны, цæмæй гуырдзиаг туристтæн сæ бон у Германимæ, Францмæ ацæуой, уым æхца бахардз кæной, бынæттон экономикæйы æхца бахардз кæной. Абон уый, æмæ Евроцæдисы экономикæйы рæзт 1% у, Гуырдзыстоны та 10% у, уымæн æмæ мах экономиконæй раст хъуыды кæнæм. Визæтæ куы сæхгæной æмæ уыцы бæстæйы æхца чи хардз кæны, уыцы туристты куы нæ бауадзой, уæд сын [рæзт] дæр нæ уыдзæн. Гуырдзиаг адæм, ацы хъуыддагыл дæр хъуамæ ахъуыды кæнæм. Архайынц дзы адæмы æнкъарæнтæй хъазын, зæгъгæ, хъæудзæн райсын визæ æмæ уæд Берлинмæ кæнæ Франкфуртмæ æрцæуæн нал уыдзæн. Уый 21-æм æнусы политикæйы аккаг у?! «Адон сты сæдæ азы размæйы методтæ, кæд æмæ хъавыдысты æндæр бæстæтыл æндавын», – банысан кодта Папуашвили.