Шалва Папуашвили Малайзийы  парламенты  Уæллаг Палатæйы вице-президентимæ фембæлдис
Шалва Папуашвили Малайзийы парламенты Уæллаг Палатæйы вице-президентимæ фембæлдис

Парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  Малайзийы  парламенты Уæллаг   Палатæйы  вице-президент Датъукъ Нур Джазлан бин  Тан Сри  Мохамедимæ фембæлдис.

Фарсытæ æркастысты Гуырдзыстоны æмæ Малайзийы  æхсæн æмгуыстад  куыд дыууæфарсон, афтæ  бирæфарсон  форматты.

Вице-президент   банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстон фæстаг азты   цырдæй рæзы.   Уый ма  афтæдæр   бахахх кодта   Гуырдзыстоны  пайдаджын   географион  равæрд Ази æмæ Европæйы алвæндагыл.

Фембæлдыл   фæныхас кодтой   æмгуыстадыл  парламентты æхсæн, афтæма, базарады æмæ  экономикæйы, туризмы,  ахуырады  сферæты.

Уыимæ, фарсытæ  æвæрццаг  аргъ  скодтой  хуссар-хурыскæсæн Азийы  бæстæты  Ассоциацийы (ASEAN)  æхсæнпарламентон  ассамблейы  (AIPA) ивгъуыд азы  Гуырдзыстонæн цæстдарæгы статус  лæвæрдæн æмæ ацы форматы  æмгуыстад адарддæрмæ цæттæдзинад равдыстой.

Фембæлды хайадисджытæ  баивдтой  информаци дыууæ бæстæйы æхсæн  уæвæг  хицаудзинады системæйы, парламентон куысты æмæ æвзарæнон процессты  фæдыл.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты дзыллæимæ ахастыты æмæ  информацийы  департамент.