Шалва Папуашвили - Гуырдзыстон Украинайæн солидарондзинад æнæрмæст ныхæстæй равдыста, фæлæ ма фидар политикон æмæ дипломатон къахдзæфтæй
Уæрæсейы бырст Украинамæ ацы æнусы сегасдæр масштабон хуызæй фарстайы бын бакодта национ суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады, адæймаджы барты æмæ закъоны сæйрагдзинады нормæтæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Европæйы Советы уæнг бæстæты парламентты сæрдæртты европаг конференцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Конференцийы темæ у – «Украинайы ныхмæ Уæрæсейы хæсты фæстиуджытæ æмæ национ парламентты роль Украинайы сæндидзын кæныны».
Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй, Украинамæ Уæрæсейы бырст ацы æнусы сегасдæр масштабон хуызæй фарстайы бын бакодта национ суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады, адæймаджы барты æмæ закъоны сæйрагдзинады нормæтæ, либералон æхсæнадæмон сæрфад стыр æлхъывды бын фæцис.
Афтæма йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы æххæстмасштабон агресси йæхиуыл чи бавзæрста ахæм бæстæтæй Гуырдзыстон уыд фыццаг 2008 азы.
«2008 азы уырыссаг агрессийыл æхсæнадæмон реакци уыд лæмæгъ, рæстæгмæ æмæ эффективон нæ уыд. Амондæн, Гуырдзыстоны цæвиттонæй хаъуджыйæ, абон уынæм Уæрæсейы агрессивон къахдзæфтыл фидар æмæ иугонд европаг реакци», – райхъусын кодта Папуашвили.
Папуашвилийы дзырдæй, Гуырдзыстон Украинаен солидарондзинад æнæрмæст ныхæстæй равдыста, фæлæ ма фидар политикон æмæ дипломатон къахдзæфтæй дæр.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ агрессорæн хъуамæ бакой кæнæм, цæмæй сабырдзинадæн альтернативæ нæй».
«Сабырад фырхъæздыгдзинад нæ фæлæ фундаментон принцип у, кæцыйы нæ зæрдыл хъуамæ дарæм нæ уынаффæты æмæ архæйдтыты. Хъуамæ слæууæм иумæ æмæ æркурæм æхсæнадæмон барады принциптæн цытлæвæрд, арæнтæ хъахъхъæд æмæ алы нацийы бартæ хъахъхъæнын.
Фидар мæ уырны, цæмæй Украина фæуæлахиз уыдзæн ацы хæсты æмæ стæй æхсæнадæмон тыхархайд здæхт уыдзæн Украинайы сæндидзын кæнын-реконструкцимæ, кæцы стынг кæндзæн бæстæйы фæраондзинад æмæ ногæй сараздзæн бындур сæрибар æмæ размæцыд бæстæйы, кæцы æнгом интегриргонд уыдзæн Европæйы æмæ глобалон экономикæйы.
Нæ бæрн у уый сифтонг кæнын, цæмæй фидæн фæлтæртæ ма рахатой нæ састы фæстиуджытæ. Гуырдзыстон адарддæр кæндзæн хайбавæрд ахæм дунейы арæзтады, кæцыйы сабырадон Европæйы ныфсытæ реалондзинадæй фестдзысты», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.