Шалва Папуашвили -  Гуырдзыстон Украинайæн солидарондзинад æнæрмæст ныхæстæй равдыста, фæлæ ма фидар политикон æмæ дипломатон къахдзæфтæй
Шалва Папуашвили - Гуырдзыстон Украинайæн солидарондзинад æнæрмæст ныхæстæй равдыста, фæлæ ма фидар политикон æмæ дипломатон къахдзæфтæй

Уæрæсейы бырст Украинамæ    ацы  æнусы сегасдæр масштабон   хуызæй   фарстайы бын бакодта  национ суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады, адæймаджы барты æмæ  закъоны  сæйрагдзинады нормæтæ, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  Европæйы  Советы уæнг  бæстæты парламентты  сæрдæртты  европаг   конференцийыл   дзырдæй  ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

Конференцийы темæ у – «Украинайы ныхмæ Уæрæсейы хæсты фæстиуджытæ æмæ национ парламентты роль  Украинайы  сæндидзын кæныны».

Шалва Папуашвилийы  фидиуæнæй,  Украинамæ  Уæрæсейы бырст  ацы  æнусы  сегасдæр масштабон   хуызæй   фарстайы бын бакодта   национ суверенитеты, территорион  æнæхъæндзинады, адæймаджы барты æмæ закъоны  сæйрагдзинады нормæтæ, либералон æхсæнадæмон  сæрфад стыр æлхъывды  бын фæцис.

Афтæма йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы  æххæстмасштабон агресси йæхиуыл чи бавзæрста  ахæм бæстæтæй   Гуырдзыстон  уыд фыццаг 2008 азы.

«2008 азы  уырыссаг агрессийыл æхсæнадæмон  реакци уыд лæмæгъ, рæстæгмæ æмæ  эффективон нæ уыд.   Амондæн, Гуырдзыстоны цæвиттонæй  хаъуджыйæ, абон уынæм   Уæрæсейы  агрессивон къахдзæфтыл  фидар æмæ иугонд  европаг  реакци», – райхъусын кодта  Папуашвили.

Папуашвилийы  дзырдæй, Гуырдзыстон Украинаен  солидарондзинад æнæрмæст ныхæстæй равдыста, фæлæ ма  фидар  политикон æмæ дипломатон   къахдзæфтæй дæр.

Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ агрессорæн хъуамæ бакой кæнæм, цæмæй  сабырдзинадæн альтернативæ нæй».

«Сабырад фырхъæздыгдзинад нæ фæлæ  фундаментон принцип  у,  кæцыйы   нæ зæрдыл хъуамæ дарæм нæ уынаффæты æмæ  архæйдтыты.  Хъуамæ слæууæм иумæ  æмæ æркурæм æхсæнадæмон барады принциптæн  цытлæвæрд, арæнтæ хъахъхъæд  æмæ алы нацийы  бартæ  хъахъхъæнын.

Фидар мæ уырны, цæмæй Украина  фæуæлахиз уыдзæн ацы хæсты æмæ стæй  æхсæнадæмон   тыхархайд здæхт уыдзæн  Украинайы сæндидзын кæнын-реконструкцимæ, кæцы  стынг  кæндзæн бæстæйы  фæраондзинад  æмæ ногæй  сараздзæн бындур  сæрибар æмæ  размæцыд бæстæйы, кæцы æнгом интегриргонд уыдзæн Европæйы æмæ глобалон  экономикæйы.

Нæ бæрн у уый  сифтонг кæнын, цæмæй  фидæн фæлтæртæ  ма рахатой нæ  састы  фæстиуджытæ.  Гуырдзыстон  адарддæр кæндзæн хайбавæрд ахæм дунейы  арæзтады, кæцыйы  сабырадон   Европæйы  ныфсытæ  реалондзинадæй фестдзысты», –  райхъусын кодта Шалва Папуашвили.