Шалва Папуашвили -гуырдзийаг хицауадæн кад кæны гуырдзийаг адæм, Брюссель абон, европон аргъдзинæдтæй фæзылд æмæ фæтырны фæстæмæ Советтон Цæдисмæ
Амонæг тон, кæцыйæ иуæй -иу еврокомиссар уæнды гуырдзийаг адæмимæ ныхас, у æнæрайсгæ -уый фæдыл парламенты сæрдар, Шалва Папуашвили расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, конфронтацион тоны дзуаппæн, Брюсселы дæр бахъæудзæн гуырдзийаг адæмы бæлвырдгонд аргълæвæрдтæм байхъусын.
“Нæ сæйраг аргъдæттæг у гуырдзийаг адæм, гуырдзийаг хицауадæн аргъ дæтты гуырдзийаг адæм. Гуырдзыстоны аргълæвæрды рæстæджы, советттон Мæскуыйæн уыд план, кæцы нын фондз азон æмгъуыдæй нысан кодта. Ныр та нын фондз пункт деттынц, куы цы план вæрынц, куы цы. Сæйраг принцип, кæцыйыл бындурæвæрд у æппæтдунеон уагæвæрд, у æндæр адæмы суверинитетæн кад кæнын. Уыцы амонæг тон, кæцыйæ иуæй -иу еврокомиссар йæ ныфс хæссы гуырдзийаг адæмимæ ныхас, у æнæрайсгæ. Эстонийы, кæнæ æндæр бæстæйы æвзæрст адæймаг ныхас кæны махимæ, гуырдзийæгтимæ, гуырдзийæгты номæй. Амæй стыр дæр цинизм æмæ хæдбардзинады æгад кæнын цы гæнæн ис уа. Махæн ис нæхи аргъдзинæдтæ Брюсселы фæдыл, мах ууыл хъæрæй ныхас кæнæм æмæ ноджы бирæ дзурдзыстæм. Кæд Брюсель аскъуыддзаг кодта конфронтацион тон æмæ гуырдзийаг адæмæн куратор æмæ фиййауы роль, уæд гуырдзийаг адæмæй дæр байхъусдзысты сæ куысты фæдыл бæлвырдгонд аргълæвæрдмæ. Брюссель абон европон аргъдзинæдтæй дард сты æмæ фæтырнынц Советтон Цæдисмæ” -расидтис Папуашвили.