Шалва Папуашвили – грантты фæдыл закъонмæ ивæндзинæдтимæ, донор хъуамæ райса разыдзинад, æнæхицауадон организаци нæ фæлæ, уый уыдзæн разыдзинад грант райсынæн нæ, фæлæ грант раттынæн
Парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, грантты фæдыл закъонмæ ивæндзинæдтимæ иумæ, кæд æмæ доноры фæнды грант раттын, уæд хъуамæ бадæтта курдиат хицауадмæ кæнæ хицауады æрдыгæй снысангонд субъектмæ æмæ райса разыдзинад грант раттыны тыххæй.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм системæ сифтонг кæндзæн, цæмæй процесс æххæстæй æргом уыдзæн æмбæстæгтæн æмæ алчидæр зондзæн, цавæр æхца зилынц æмæ цавæр проекттæ финансгонд цæуынц.
«Хъыгагæн, ис бирæ æнæбæрнон донортæ, кæцытимæ ныхас кæнæм мæйты, азты дæргъы, куыд хъуамæ дарой сæхи бæрнонæй. Уынæм, кæй дæттынц æхца, æмæ уый фæстæ уыцы æхцайæ аразынц ахæм хъуыддæгтæ, куыд Молотовы коктейлтæ рекламæ кæнынц, фашистон кампанитæ æххæст кæнынц, тыхмийы митæ кæнынц. Уый тыххæй донортæй куы фæрсæм, уæд уыдон сæ къухтæ ныхсынц, цыма уый бæрнон нæу. афтæ нæ рауайдзæн æмæ гæнæн нæй. Уыдон хардз кæнынц сæ бæстæйы адæмы æхца æмæ сæхи хъуамæ дарой бæрнонæй Нæ æхсæнады интерестæн зиан хæссынц Молотовы коктейльты рекламæ æмæ а.д.
Уый расидтис, цæмæй нысаниуæгджын у, цæмæй гуырдзиаг адæм зоной, цы финансгонд цæуы Гуырдзыстоны æмæ цы цæуы Гуырдзыстоны, уый у гуырдзиаг адæмы интересты.