Шалва Папуашвили фембæлдис НАТО-ы парламентон ассамблейы хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты уæнгтимæ
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили цæгататлантикон альянсы (NATO) парламентон ассамблейы хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты уæнгтимæ фембæлд.
Шалва Папуашвили бузныг загъта НАТО-ы æрдгæй Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ демократон райрæзтæн фарсхæцыны тыххæй.
Фембæлдыл Украинайы ныхмæ Уæрæсейы агрессийыл, регионон æдасдзинады уавæрыл, Гуырдзыстоны уæвæг уавæрыл, НАТО-Гуырдзыстоны ахастыты æмæ æрдæмадæй, дыууæфарсон парламентон диалогыл фæныхас кодтой.
Банысан ис, ома Гуырдзыстон, азты дæргъы НАТО-йæн æууæнкаг æмæ ахсджиаг партнер у æмæ цæгататлантикон альянс НАТО-мæ интеграцийы фæндагыл, нæ бæстæйæн æххуыс адарддæр кæндзæн.
Фембæлды хайад райстой хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар æмæ НАТО-ы парламентон ассамблейы парламенты иугæндзонархайæг делегацийы къухдариуæггæнæг, Ираклий Бераиа æмæ комитеты уæнгтæ – Гиорги Хелашвили æмæ Теона Акубардиа, афтæма, Европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар Мака Бочъоришвили.
Информаци хъусын кæны парламенты пресс-куыст.