Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Азербайджаны республикæйы премьер-мсинистр Али Асадовимæ фебмлæдис.
Парламенты пресс-куысты информацийæ, фарсытæ бахахх кодтой Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн уæвæг историон хæлардзинады æмæ бирæазон æнтыстджын стратегион партнерад.
«Фембæлдыл ныхас уыд дыууæ бæстæйы æмгуыстады æндæр æмæ æндæр æрдæмадæй, сæ нымæцы парламентон æмвæзадыл, афтæма базарады, энергетикæйы, ахуырады, секторты.
Фарсытæ афæлгæстон регионы уæвæг уавæр æмæ бахахх кодтой дарддæры æмгуыстады нысаниуæг Хуссар Кавказы сабырдзинад æрфидар кæнынæн.
Фембæлдыл æрныхас кодтой Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн стратегион партнерады дарддæр фæарфдæр кæныныл», – дзырдæуы парламенты пресс-куысты информацийы.
Фембæлдыл уыдысты парламенты вице-спикер Арчил Талакъвадзе, парламенты уæнгтæ Заур Даргали æмæ Савалан Мирзоев. Афтæма Азербайджаны Гуырдзыстоны минæвар Зураб Патаридзе.