Шалва Папуашвили  фембæлдис Азербайджаны  премьер-министримæ
Шалва Папуашвили фембæлдис Азербайджаны премьер-министримæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Азербайджаны  республикæйы  премьер-мсинистр Али Асадовимæ  фебмлæдис.

Парламенты  пресс-куысты информацийæ,   фарсытæ   бахахх кодтой  Гуырдзыстоны æмæ   Азербайджаны  æхсæн  уæвæг   историон   хæлардзинады æмæ  бирæазон  æнтыстджын  стратегион партнерад.

«Фембæлдыл ныхас уыд  дыууæ бæстæйы æмгуыстады  æндæр æмæ æндæр  æрдæмадæй, сæ нымæцы  парламентон æмвæзадыл, афтæма базарады,  энергетикæйы, ахуырады, секторты.

Фарсытæ  афæлгæстон регионы  уæвæг   уавæр  æмæ бахахх кодтой   дарддæры  æмгуыстады  нысаниуæг  Хуссар Кавказы  сабырдзинад  æрфидар кæнынæн.

Фембæлдыл  æрныхас  кодтой   Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн стратегион партнерады  дарддæр фæарфдæр кæныныл», – дзырдæуы   парламенты  пресс-куысты   информацийы.

Фембæлдыл  уыдысты  парламенты вице-спикер  Арчил Талакъвадзе, парламенты  уæнгтæ Заур  Даргали æмæ  Савалан  Мирзоев.  Афтæма  Азербайджаны  Гуырдзыстоны минæвар Зураб Патаридзе.