Шалва Папуашвили фембæлд Туркменийы Меджлисы делегациимæ
Шалва Папуашвили фембæлд Туркменийы Меджлисы делегациимæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва Туркменийы Меджлисы Гуырдзыстонимæ хæлардзинады къорды минæвæрттимæ фембæлд.
Парламенты пресс-куыстуаты информацимæ гæсгæ, фембæлдыл бахахх кодтой Гуырдзыстон æмæ Туркменийы æхсæн традиционæй хæларадон ахастытæ, кæцытæ фæстаг рæстæджы æнтыстджынæй рæзынц.
“Бæрæггонд æрцыд бæрзонд æмвæзады визитты позитивон динамикæ. Сæрмагондæй, хъусдард здæхт æрцыд Шалва Папуашвилийы æнтыстджын официалон визитмæ Туркменимæ, кæцы фарон сырæзт”.
Папуашвили Шалва бахахх кодта Туркменийы традицион, сабырадон ориентиргонд политикæйыл, кæцы уæлдай нысаниуæгджын у нырыккон дунейы геополитикон ивæндзинæдты фоныл» -ис фыст Гуырдзыстоны парламенты фидиуæны.
Фембæлды дзырд цыд парламентон бастдзинæдты дарддæры рæзтыл, уыцы нымæцы хæлардзинады къордтæ, секторон комитеттæ æмæ закъондæттæн органты администрацитæ. Туркменийы фарс дæр бахахх кодта йæ фæндон сылгоймаг депутаттæ æмæ æрыгон депутатты æхсæн бастдзинæдтæ фæтыхджындæр кæнын.