Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва Азербайджаны республикæйы парламенты Милли Меджлисы сæрдар Сахиба Гафароваимæ фембæлд. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламенты пресс-центр парахат кæны.
Фембæлдыл бахахх кодтой историон хæлардзинад æмæ бирæвæрсыг æнтыстджын æмкуыстдзинад Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны республикæйы æхсæн. Шалва Папуашвили бузныг расидтис азербайджайнаг фарсæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинады тыххæй æмæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад Азербайджаны территорион æнæхъæндзинадæн.
Фембæлдыл ныхас цыд дыууæ бæстæйы æхсæн бæрзонд æмвæзады визитты арæхдзинадмæ дæр. Папуашвили Шалва банысан кодта, зæгъгæ, символон æмæ райгонд у, цæмæй ногæвзæрст парламентмæ фыццаг официалон визит Азербайджаны Милли Меджлисы сæрдар уадзы. Дыууæ бæстæйы закъондæттæн органты æхсæн бастдзинæдтæ, куыд сæрдарты, афтæ секторон комитетты ‘хсæн дæр æвæрццагæй аргъгонд æрцыдысты. Банысангонд æрцыд Æмбарады меморандумы ахсджиагдзинад æмгуыстады дарддæры рæзтæн.
Фарсытæ ма æруынаффæ кодтой Цæгат Кавказы регионы ныртæккæйы уавæрыл æмæ бахахх кодтой хорз сыхаг ахастыты, сабырдзинады, æдасдзинады ахсджиагдзинадыл. Банысан кодтой, стратегион нысаниуæг кæмæн ис, ахæм регионалон проекттæ æххæст кæныныл кусынмæ цæттæдзинад.
Сахиба Гафарова Папуашвили Шалвайы Азербайджанмæ фæхуыдта.