Шалва Папуашвили -  бинонты сыгъдæгдзинад нæ паддзахады бындур у, уый тыххæй  аргъуанимæ иумæ хицауады хæс у, бахъахъхъæна йæ, куыд гуырдзиаг идентондзинады, удон  æмæ материалон къльтурæйы æвæрæгы афтæ
Шалва Папуашвили - бинонты сыгъдæгдзинад нæ паддзахады бындур у, уый тыххæй аргъуанимæ иумæ хицауады хæс у, бахъахъхъæна йæ, куыд гуырдзиаг идентондзинады, удон æмæ материалон къльтурæйы æвæрæгы афтæ

Зындзинæдтæй едзаг  дунейы, кæцыйы  националон традицитæм  æмæ сыгъдæг  адæймагон хæзнатæм æргом азар æртхъирæн кæны, нæ  мадаргъуан  уартау систа гуырдзиаг  бинонты  сыгъдæгдзинад æмæ йæ æнусы хæзнатæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фыссы соцаилон хызæгты.

Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй,  бинонты традицитæ сты гуырдзиаг æгъдау, фæлтæрты æхсæн  ахастытæн цыт, уазæгуарзондзинад, хæстæджы уарзондзинад æмæ  фыдыбæстæимæ иузæрдыгдзинад.

«Арфæ уын кæнын бинонты сыгъдæгдзинады боны фæдыл!

«Зындзинæдтæй едзаг  дунейы, кæцыйы  националон традицитæм  æмæ сыгъдæг  адæймагон хæзнатæм æргом азар æртхъирæн кæны, нæ  мадаргъуан  уартау систа гуырдзиаг  бинонты  сыгъдæгдзинад æмæ йæ æнусы хæзнатæ. Ахæм у нæ цардуаг, кæцы нæ фыдæлтæй нæм уыд лæвæрд  æмæ мах дæр сæ мингай азты  дæргъы хæссæм сæрыстырæй. Уый у гуырдзиаг æгъдау, фæлтæрты æхсæн  ахастытæн цыт, уазæгуарзондзинад, хæстæджы уарзондзинад æмæ  фыдыбæстæимæ иузæрдыгдзинад.

Бинонты сыгъдæгдзинад у нæ  паддзахады бындур, уый тыххæй  дæр, аргъуанимæ иумæ, хицауады хæс у, бахъахъхъæна йæ, куыд  гуырдзиаг идентондзинады, удон  æмæ материалон къльтурæйы æвæрæг.

Алкæмæн уын арфæ кæнын  абоны боны фæдыл æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы  сабырад куыд уа  нæ зæрдæты, нæ бинонты нæ  фыдыбæстæйы  уыцы арфæтæ», – фыссы парламенты сæрдар  социалон хызаджы.