Шалва Папуашвили  - 2024 азыл æмбæлæм  сабыр, европаг  Гуырдзыстоны
Шалва Папуашвили - 2024 азыл æмбæлæм сабыр, европаг Гуырдзыстоны

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  æмбæстæгтæн   арфæ кæны Ног Азы  фæдыл.

Парламенты сæрдар банысан кодта, цæмæй  Гуырдызыстон йæ  нырыкн  историйы иуæй-иу  стырдæр  уæлахиздзинадмæ  æрцыд æмæ алчи иумæ, аккагæй æмæ  цæсгомджынæй самал кодта  Евроцæдисы уæнгтæм кандидат бæстæйы статус.

Шалва Папуашвили  арфæ кæны алкæмæн фарсхæцын æмæ  æууæнкы тыххæй.

«Уæ иудадзыг  фарсмæлæудæй æмæ фарсхæцынæй,  Гуырдзыстоны хицауад  бафæрæзта  ацы  егъау  расидтæн бахъом уын; гуырдзиаг дзыллæ  нæй загъта радикализмæн мæ æуæнк равдыста  æмбæстæгты фарныл  ориентацигонд æмæ  националон интерестыл фидаргонд мидæгон æмæ  æддагон политикæйæн.  Уый фæстиуæгæн  ног 2024 азыл æмбæлæм  сабыр æмæ европаг Гуырдзыстоны, бирæ ныфсджындæр æмæ  тыхджындæр.  Арфæ уын кæнын  æмæ  бузныг дзын  уæ фарсхæцын æмæ æууæнкы тыххæй.

Бузныг нæ  хъахъхъæнынады тыхтæн,  пъæлицæйæгтæн,  зынгвæдисон-ирвæзынгæнджытæн, медицинон  персоналæн, пддзахадон гæстæн, аокæмæн, кæй  профессионализм,  сæруæлдайдзинад æмæ фыдыбæстæйы уарзондзинад стынг кодта  нæ бæстæ æмæ уымæн  2023 азы стихийы æрхæсгæ  уæззау   минутты дæр,  хуыздæр  фидæны  ныфс  ныууагъдта.

Ног азы фæдыл арфæ кæнын  оккупацигнд регионты цæрæг  æмбæстæгтæн,  нæ абхазаг æмæ  ирон æфсымæртæн æмæ  хотæн,  гуырдзиаг диаспорæйæн æмæ  гуырдзиаг адæмы алы  хæларæн. Уырны мæ,  цæмæй мах иумæ бафæраздзыстæм  нæ фыдыбæстæйы  баиу кæнын  æмæ Европаг  фидæны æнтыстджынæй аразын.

Ацы бон сæрмагондæй  арфæ кæнын  нæ  ныййарджытæн, чидæриддæр нæ Ног Азы  традицитыл бафтыдтой æмæ нæ  фидæны  фæлтæры- нæ  хъæбултæн ацы традицитæ  зонгæ кæнæм.  Фæлтæрты æхсæн  æнæаскъуынгæ  рæхыс, у уый, кæцы нын бавæрдта нæ миназон   нацийы хæдбындурдзинад.  Фæнды мæ ноджы иу  хатт уын раарфæ кæнон   алкæмæн ног, 2024 азы фæдыл; фарны, нæ  фыдыбæстæйы  размæцыды æмæ уæлахиздзинады арфæтæ уын зæгъы мæ зæрдæ», –  райхъусын кодта Шалва Папуашвили.