Шалва Нателашвили домы Турчы минæвары æддагполитикон уагдонмæ фæсидын
Турчы хицауад банымадта апсуаг-абхазаг пластикон картæтæ сæрмагонд паддзахадон банкты фæрцы æмæ сæ ауагъдта дунейы хыгъдон хызæгтæм, сыхаг падздахадæй уый у знагон æмæ æнæхæлар къахдзæф, – уый фæдыл «Лейборстон Партийы» лидер Шалва Нателашвили фехъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, хицауад фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ Турчы минæвармæ хъуамæ фæсида, афтæдæр фæтобæ уа Туркаг уаргъты змæлд Гуырдзыстоны территорийыл.
«Сегасдæр сæйраг уый у æмæ нæ рох кæнæм Тао-Кларджети, кæцы Турк йæхи бакодта æнусты размæ. Нæ бауадздзыстæм Гуырдзыстоны паддзахад Турчы регионалон империйæ фестын Кавказы. Æнæзаконон иупартион парламенты куыстмæ рахизынæй дыккаг бон, Турк де-факто банымадта Абхазы хæдбарад, æндæр æй ницæмæй схондзæнис адæймагы юридикон æмæ æхсæнадæмонæй ацы архайд. Мах уый нæ фæбардзыстæм æмæ ууыл уыдзæн серьозон дзуапп Турчы хицауадæн. Экспорт-импорты фарста уыййас ахсджиаг нæу территорион æнæхъæндзинадимæ абаргæйæ. Кæд Анкара æмæ Турк сæ уынаффæ нæ аивдзысты, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нал сын уыдзæн фадат спайда кæной Гуырдзыстоны территорийæ сæрмагонд уаргъты ласынæн, æмæ кæй сæм нал уыдзæн ацы фадат уымæй, турчы бюджет бавзардзæн миллиарды бæрц зиан, кæцыйы фæстиуæгæн саст баййафдзæн пантуркистон нео-султа Эрдогъаны режим», – загъта Шалва Нателашвили.
Оккупацигонд Абхазы хъусын кæнынц,ц æмæй Турчы дыууæ ставд банк, бынæттон националон банкы картæтæ лæггадмæ райста, дзырдæуы Is Bank æмæ Ziraat Bank–ы фæдыл, кæцытæн филиалтæ Гуырдзыстоны контролгонд территоритыл дæр ис.