Серги Капанадзе – Абон, АИШ-æ Гуырдзыстоны цæугæ процестты сегасдæр нысаниуæгджынæй нымайы  растдæр æвзæрстыты демокративонæй  ауадзын
Серги Капанадзе – Абон, АИШ-æ Гуырдзыстоны цæугæ процестты сегасдæр нысаниуæгджынæй нымайы растдæр æвзæрстыты демокративонæй ауадзын

Паддзахадон нымæрдар  комкоммæ  загъта  Гуырдзыстоны  хицауадæн,  цæмæй  Гуырдзыстоны  демокративон  æвзæрстытæм  æнхъæлмæ кæсы –  ахæм аргъ скодта  «Европаг Гуырдзыстоны»  уæнг Серги Капанадзе, Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариайы æмæ  АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы  æхсæн телефонон ныхасæн.

Лепутат куыд  хъусын кæны афтæмæй,   ныр  уымæн бæрæг у, цæмæй  телефонон ныхасы сæйраг темæ уыд   æвзæрстытæ.

«Федтам АИШ-ы   паддзахадон нымæрдары  фидиуæн, Гуырдзыстоны премьер-министримæ куы  фæныхас  кодта уый фæстæ.  Иттæг нысаниуæгджын у  уый æмæ ацы фидиуæны  дзырдæуы,  цæмæй  цы  уыдис  ныхасы  сæйраг темæ. Нæ  бон  зæгъын у, цæмæй  алы  фарстытæ  сæвдæлон сты –  сæйраг темæ уыд  æвзæрстытæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй,  падздахадон ынмæрдар  комкоммæ загъта Гуырдзыстоны хицауадæн, цæмæй  Гуырдзыстоны демокративон æвзæрстытæм æнхъæлмæ кæсы. Уый  у  тынг хорз æрвитæггаг  гуырдзиаг дзыллæйæн, Гуырдзыстоны хицауадæн æмæ  Бидзина Иванишвилийæн, цæмæй АИШ-æ  нæ багæдзæ кæндзæн, Гуырдзыстоны   æвзæрстытæ фæмæнг кæнын, уа тыхмидзинад кæнæ ахæм  проблемæтæ,  цахæмтæ  дæр федтам раздæры  æвзæрстыты.  Уымæй  банысан  ис, цæмæй абон АИШ-æ Гуырдзыстоны  цæугæ процестты стыр нысаниуæг дæтты растдæр æвзæрстыты демокративонæй  ауадзынæн», – райхъусын кодта Капанадзе.

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа  æмæ  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы æхсæн  телефноæй  ныхас  уыд  27  июлы.  Фарсытæ  æркастысты стратегион   партнерады сæйраг фарстатæ.