Оккупацигонд абхазы раздæры а.х. премьер-министр, Сергей Шамба, рауагъдад «Эхо Москвы»-имæ уæрæх интервьюйы, Гуырдзыстон æмæ оккупацигонд Абхазы æхсæн ахастытыл фæныхас кодта. Раздæры а.х. премьер-министр райхъусын кодта, цæмæй гуырдзиæгты знæгтыл нæ нымайы æмæ йын Гуырдзыстоны хæлæрттæ дæр ис зæгъгæ.
«Гуырдзыстоны ныхмæ тохы зæгъæн ис, лидер мæхæдæг уыдтæн. Фæлæ афтæдæр фыццагæй райдыдтон дзурын уый тыххæй, цæмæй афон у диалог райдаын. Мах хъуамæ хъуыды кæнæм иумæйаг финалы, уымæн æмæ сыхагæтæ стæм æмæ нæ хъысмæт кæрæдзийы фæрсæй-фæрстæм æрцæрын кодта. Сыхаг адæмты æхсæн мæ хъуыдыйы дарын æнæрмæст Гуырдзыстон. Европаг паддзахадты æхсæн дæр уыдис конфликттæ. Уыдон кæрæдзиимæ хæцыдысты. Фæлæ кæддæриддæр æрлæууы ахастыты срегулир кæныны афон. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, «Гуырдзыстонимæ гæнæн ис растдæр ахæм диалог райдаын», – райхъусын кодта Сергей Шамба интервьюйы рæстæджы.
Оккупацигонд Абхазы раздæры а.х. премьер-министр банысан кодта, цæмæй ИНО-йы хъуыддаджы бацыды рæстæджы, бадзырдтæ интенсивонæй цыдысты. Фæлæ 2008 азы, миссийы æрурæды фæстæ, æнæхъæнæй процесс урæд æрцыд. Ныр Гуырдзыстонимæ контакты иунæг фадат йæ ныхæстæм гæсгæ у, Женевæйы бадзырдтæ, кæцы периодонæй цæуынц уагъд.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, бадзырдты ацы фадатæй æнæмæнгæй хъуамæ спайда кæнæм. Æндæр гæнæн нæй. Стыр ныфс мæ ис, нæ фидæны фæдыл исты диалог райдайдзæн», – банысан кодта Шамба интервьюйы рæстæджы.
Уырыссаг рауагъдадимæ интервьюйы, Сергей Шамба 1992-1993 азты цæугæ фæзындты фæдыл фæныхас кодта æмæ Гуырдзыстонимæ бадзырдты кой ракодта, кæцы йæ хъуыдымæ гæсгæ, æппынфæстагмæ æнæконсессусæй фæцис. Абхазаг политик банысан кодта, цæмæй трагедийы рæстæджы сæм уыдис Гуырдзыстонимæ æрныхас кæныны ныфс.
«Ныфс нæм уыдис, цæмæй ахастыты цыдæр форматыл уæддæр æрныхас кодтиаиккам. Разы уыдыстæм федерацион ахастытыл дæр. Уый фæстæ уыдис конфедерацион бадзырды фæдыл. Примаковы æхсæны бацыдæй æркастыстæм вариант, кæцы хуындис «Иумæйаг Падзахад». Фæлæ, алы æрнымадгонд æнхъарæныл, Гуырдзыстон нæзагъд кодта. Тынг арæх уыдыстæм консессусмæ хæстæг. Фæлæ фæстагмæ рабæрæг ис, цæмæй гуырдзиаг фарс алы проектыл нæзагъд ракодта», – райхъусын кодта «Эхо Москвы»-имæ интервьюйы рæстæджы Сергей Шамба.