Уæрæсейы æмæ АИШ-ы æхсæн ног «згъæр æмбæрзæн» нæй – уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавров райхъусын кодта.
Сергей Лавровы ныхæстæм гæсгæ, Дунейы дыууæ егъау паддзахады æхсæн ахастытæ фæхуыздæр уыдзысты, фæлæ рæстæг, кæцыйæ гæнæн уыд бастдзинады фæарфдæр кæныны спайда кодтаиккой, хуымæтæгæй фесæфт.
«Мæнмæ гæсгæ ацы этапыл термин «згъæр æмбæрзæн» бынтон æнæмбæлгæ у АИШ-ы æмæ Уæрæсейы ахастытæм» – банысан кодта Лавров.
Æнæкæсгæ уымæ, Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг загъта цæмæй, АИШ-ы æрдгæй арызт къахдзæфтæ, ахастыты рахъарм кæнынæн ахъаз нæ уыдысты зæгъгæ. Дæнцæн та Лавров æрхаста санкциты уагæвæрд æмæ АИШ-ы территорийыл архайæг дипломативон сæрмæмулкы байст.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры ныхæстæм гæсгæ, Вашингтоны «Русофобион истерий» ног бæрзæндтæм æсхызтис зæгъгæ.