Сергей Лавров - Ныгуылæны бæстæтæ геополитикъон тыгъдад бацахсын фæнд кæнынц
АИШ-æ йæ æмцæдисонтæ хурыскæсæны дихгæнæг хаххыты ахæцын, НАТО-йы ауæрæхæй æмæ евроцæдисы скæсæйнаг партнерады программæйæ архайынц. Уый фæдыл Уæрæсейы æддаг хъуыддæгты министр журнал Panorama-имæ интервьюйы рæстæджы райхъусын кодта.
Сергей Лавровы ныхæстæм гæсгæ, АИШ-ы æмæ иуæй-иу йæ сателлитæн евро-атлантикон тыгъдады æдадзсинады æмæ сабырадыл ныхас у æгæр цæстылуайгæ. Уæрæсейы æддаг ъхъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг хъуыды кæны, цæмæй ныгуылæны бæстæтæ геополитикон тыгъдад бацахсын фæнд кæнынц.
«Украинæйы фарстыл ныгуылæны хаххы ницы ис, кæцы гæнæн ис нымадмæ ист æрцæуа про-украинагыл. Ам алцыппæт дæранти-уырыссаг у» – банысан кодта Лавров.