Сербийы автобусы æмæ уæзласæн автомобилы кæрæдзиуыл ныццавды фæстиуæгæн фæмард цыппар æмæ фæцæф сты æхсæз адæймаг
Сербийы автобусы æмæ уæзласæн автомобилы кæрæдзиуыл ныццавды фæстиуæгæн фæмард цыппар æмæ фæцæф сты æхсæз адæймаг. Информацийы уый фæдыл хæлиу кæны бынæттон медиа.
Аварий бынæттон рæстæгæй 18:45 минуты сахар Куршумляйы цур æрцыд.
Полицийы информацийæ, автобус фæндаджы иннæ хаймæ ахызт æмæ уæзласæн автомобилыл сæмбæлд. Аварийы фæстæ автобусыл сыгъд фæзындис.
Фæцæфуæвджыты фæхæццæ кодтой рынчындæттæм.
Æрцæугæйы тыххæй райдыдта фæдæвзарæн.