Сенатор Джин Шахини хъусын кæны, цæмæй паддзахадон нымæрдары бынатмæ раразмæгонд Марко Рубиоимæ фембæлды рæстæджы Гуырдзыстоны тыххæй дæр ныхас цыд
АИШ-ы сенатор Джин Шахин фембæлд Марко Рубиоимæ, кæцыйы АИШ-ы æвзæрст президент Дональд Трамп паддзахадон нымæрдары бынатмæ раразмæ кодта. Фембæлдыл, æндæр фарстаты æмрæнхъ Гуырдзыстоныл дæр дзырд цыд. Уый фæдыл Шахини социалон хызагы фыссы.
Сенатор банысан кодта, цæмæй уый уыд ахсджиаг фадат Рубиоимæ æруынаффæ кæнын къорд глобалон фарстытыл, кæцытæ лæууынц АИШ-ы раз, се æхсæн Китай æмæ Уæрæсейы экономикон æмæ æдасдзинады фарстыты æрбæстон кæнын, Уæрæсейы æнæпровокацион ныббырсты рæстæджы Украинæйæн дыууæпартион фарсылхæцындзинад бахъахъхъæнын æмæ æрбæстон кæнын конфликттæ Æввахс Скæсæны, сæрмагондæй Сирийы раздæры диктатор Башар Асады ныппырхы фæстæ.
«Мах афтæдæр æруынаффæ кодтам АИШ-ы ныры политикæйы бахъахъхъæныны нысаниуæгыл Гуырдзыстоны æрдæм, фæсарæнты АИШ-ы экономикон конкурентондзинад фæтыхджындæр кæнын æмæ куыд гæнæн ис афтæ тагъд рæстæджы æппæтдунеон бынæттæ байдзаг кæнын квалификациджын карьерон дипломаттæй». Мах бирæ азты дæргъы куыстам сенатор Рубиоимæ, куыд АИШ-ы сенатон æддаг ахастыты комитеты уæнгтæ, æмæ æнхъæлмæ кæсын, цæмæй ацы фарстытыл дарддæр æруынаффæ кæндзыстæм йæ бæлвырдгæнæн байхъуыстмæ», — ныффыста Шахин.