Сенаки æмæ Чхороцхъуйы Митрополит Шиойы Куадзæнон эпистоле 
Сенаки æмæ Чхороцхъуйы Митрополит Шиойы Куадзæнон эпистоле 

Гуырдзыстоны Патриархийы , Сенаки æмæ Чхороцхъуйы митрополит Йæ Сыгъдæгдзинад Шиойы (Муджири) Куадзæнон  фыстæг:

«Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны Хуыцауы арфæгонд удварны сывæллæттæн

Æппæтсыгъдæг Иерархтæ, Цытджын Епископтæ, Диакъонтæ, Монахтæ, Гуырдзыстоны æппæт цæрджытæ æмæ нæ бæстæйы арæнтæй æддæмæ цæрæг нæ æмзæххонтæ!

Чырысти райгас!

Абон дуне цин кæны æмæ бæрæгбон кæны! Дунейы Ирвæзынгæнæг, Царды Райгуырæн æмæ Суадон, нæ Ирвæзынгæнæг мæрдтæй райгас æмæ зындоны дуæрттæ ныппырх кодта! Хуыцау райгас, фыдбылызы рæхыстæ аскъуыдысты, æмæ хæйрæджы тых ныппырх! Хицау райгас æмæ æнусон рухс æрттывта æппæт дунейыл! Нæ Хицау Хуыцау райгас æмæ уарзондзинад байгом кодта æппæт дуæрттæ, кæцытæ сты æхгæд æмæ æнæгом адæмæн!

Абон раргом ис адæймаджы æнæмбаргæ сусæгдзинад, Ирвæзынгæнæджы райгасдзинад, нæ уырнынады бындурон дур, уымæн æмæ Апостол Павел зæгъы: «Кæд Чырысти нæ райгас, уæд уæ уырнындзинад дзæгъæлы у» (1 Кор. 15:17). Абон Ирвæзынгæнæг, кæцы æрцыд буары, байтыгътой æмæ ныгæд мах тыххæй, райгас кæны адæймаджы удыхъæд мæрдтæй, фесафы зындоны тых æмæ та ногæй дих кæны фыццаг, уæларвон амонд адæймагимæ, тæригъæды уацарæй ссæрибар.

Стыр у уыцы цауæй цы цин æвзæры, уый бæрæг кæны хъуыдыгæнæг сфæлдыстад, æмæ иууылдæр иумæ хъæр кæнæм æмхъæлæсæй Сыгъдæг Григорийы  ныхæстимæ: «Абон ирвæзындзинад лæвæрд æрцæудзæн дунейæн, куыд уынгæ, афтæ æнæуынгæ дæр. Чырысти райгас мæрдтæй, райгас немæ!.. Суæгъд кæнут уæхи тæригъæды рæхыстæй, ныппырх уыдзысты мæлæт! зæронд Адам фæхицæн уыдзæн æмæ ног сæххæст уыдзæн» (Æхсæрдæс бæрæгбоны уацамынды. Уацамынд XLV).

Мах ахызтыстæм Сыгъдæг Стыр Комдарæны рæстæгæй, чырыстон адæм сæхи куы цæттæ кæнынц Райгас Ирвæзынгæнæгимæ фембæлынмæ; Куывд æмæ комдарæны фæрцы мах архайдтам нæ удтæ ссыгъдæг кæныныл, цæмæй æппæтфæлмæнзæрдæ Хицаумæ æввахс кæнгæйæ, суæм йæ ныхæстæ хъусыны аккаг: «Æрбацæут Мæнмæ, фыдæбон чи кæны æмæ уæззау уаргъ кæмæ ис, уыдон иууылдæр, æмæ уын Æз æнцойад ратдзынæн» (Мф. 11:28). Фæлæ уыцы цæттæгæнæн куыстыты рæстæджы нæ зæрдæтæ хъыгæй байдзаг сты, уымæн æмæ Стыр Комдарæны дзуары кадджын къуырийы дæргъы йæ цардæй ахицæн Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Йæ Сыгъдæгдзинад æмæ Сыгъдæг Арфæгонд Илиа Дыгкаг. Уымæ гæсгæ ныр, нæ уарзон фыды мæлæтæй сидзæртæ куы фестæм æмæ Чырыстийы Райгасæй мæлæт куы фæуæлахиз, уæд нын уæлдай æнцойад дæттынц Псаломзарæг Давиды ныхæстæ: «Хицауы цæсты зынаргъ у Йæ сыгъдæгты мæлæт» (Пс. 115:6), уымæн æмæ махæн чырыстон адæмæн мæлæт нæу мæлæт, фæлæ ирвæзындзинад æмæ ирвæзындзинадмæ æркæнæг фæндаг æнусон амонд. Уый у Куадзæны цины мидис, алы адæймаджы ныфс æмæ цины бындур…

Йæ Сыгъдæгдзинад æмæ Тæхудиаджы лæггады 49 азы фæндаг махæй алкæмæн дæр уыд уыцы цин æмæ ныфсы хос. Йæ фыды уарзондзинад, йæ куывдтытæ æмæ йæ аудындзинад хæццæ кодтой æппæт Гуырдзыстоныл, алы адæймагыл дæр…