Себастьян Моллинеус – Райгонд дæн, Гуырдзыстоны бирæ нысаниуæгджын реформæ куы уынын уымæй
Тынг райгонд дæн, Гуырдзыстоны бирæ ахсджиаг реформæ кæй уынын уымæй – уый фæдыл райхъусын кодта Хуссар Кавказы Дунеон Банкы (WB) регионалон директор Себастьян Моллинеус, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ фембæлды фæстæ.
Моллинеусы дзырдæй, Гуырдзыстон куыд регионы, афтæ глобалонæй фидар лидеры роль хъазы.
Ираклий Гъарибашвили æмæ Себастьян Моллинеус Гуырдзыстоны æмæ Дунеон Банкы цæугæ æмæ плангонд проекттæ æмæ пандемийы рæстæджы Дунеон Банкæй Гуырдзыстонæн æххуысы фарстæтæ афæлгæстой.
Сæрмагондæй бахахх кодтой пандемийы ныхмæ тохы Дунеон Банкæй нысаниуæгджын æххуыс.
Премьер-министр Себастьян Моллинеусæн Гуырдзыстоны хицауадимæ эффективон æмæ фæстиуæгджын æмгуыстады тыххæй раарфæ кодта æмæ банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны экономикæйы æндæр æм æндæр секторы Дунеон Банкы хайбавæрд нысаниуæгджын у. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ дæсгай азты дæргъы Дунеон Банк бирæ нысаниуæгджын проекты æмфинансдзинадæн рауæлдай кодта финансытæ, кæцы æмтгæй райсгæйæ 2,7 миллиард АИШ долларæй фылдæр у, Дунеон банкы уæвæг портфел та 12 активон инвестицион проекты æмæ рæзынады политикæйы операцитæй у, кæцыты æмтгæйон аргъ 928 милуан АИШ доллары бæрц у.
Ныхасы рæстæджы банысан ис, ома лыстæг æмæ астæуккаг кондадтæ стынг кæнынмæ ориентацигонд проекттæ экономикæйы æмæ гуырдзиаг бизнесы этапгай сæндидзын кæныны процессæн стыр стимул ратта. Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны нысан у Европæ æмæ Азийы æхсæн транспортон æмæ логистикон центрæй фестын, уый тыххæй регионон рæзынады проекттæ хисцадаы бонвæткы приоритетон сты, ацы Дунеон Банкы финансон æххуыс та нысаниуæгджын роль æххæст кæны.
«Иттæг æхцон уыдис Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлд. Ныхасы сæйраг акцент арызт уыд экономикон реормæты программæйыл. Тынг райгонд дæн, цæмæй бирæ иттгæ нысаниуæгджын реформæ уыныны Гуырдзыстоны цæугæ кæнæ райдайгæйæ. Уыдонæй фыццаг у адæймагон капиталы бонвæтк, кæцыйы æрдгæй Дунеон Банк Гуырдзыстоны хицауадимæ иумæ цæттæ кæны ставд æмæ зæгъин – бынтон æндæргæнæг реформæты программæ, кæцы фæхуыздæр кæндзæни æнæнизхъахъхъæды системæйы уæвæг уавæр. Ам сæрмагондæй ахсджига у хоскæныны æмæ медикаменттыл, дзыппæй фыст суммæтæ, кæцы бæстæйы бирæ æмбæстагæн тынг зынаргъ у. Ахæм æнхъæлц нæм ис ахуырадон сферæйы уæвæг уавæрмæ гæсгæйæ, ныфс дарæм, ома Пизайы (PISA) æхсæнадæмон рейтингы бæстæ фæразæй уыдзæн æмæ райдайæн скъолайæ университетон æмвæзады онг, ахуыры гъæд фæхуыздæр уыдзæн. Æртыккаг æрдæмад у социалон хъахъхъæдады нысаниуæгджын реформæ сыххæст, цæмæй фæхуыздæр уа нысанон миниуæг æмæ æххуыс фæхæццæ уа ахæм бинонтæм, кæцытæн сегасдæр хъæугæ уыдзæн – уæлдайдæр сывæллонджын бинонтæм. Раст ай у адæймагон капиталы бонвæтк. Нæ ныхасы сæйраг темæдæр раст аци фарста уыд. Дыккаг фарста уыдис ног коронавирусыл регирдзинады мадзæлттæ, цæмæй хицауады сыххæст æвæрццаг инициативæтæ – цъæх паспорттæ, карджынтæн финансон уæлæмхасæн – адарддæр уа æмæ стыхджын уа фидар коммуникацион æмæ информацион кампанийы фæрцы. Уый æппæтæн йæ нысан у, æппæт бæстæйы цæрджыты вакцинаци. Æртыккаг фарстайæ æркастыстæм экономикон æмæ структурон реформæты бонвæтк. Цы реформæтæ хъуамæ сыххæст уа бæстæйы экономикæйы продуктивондзинад райрæзын кæнынæн, цæмæй сæвзæра фылдæр кусæнуат. Ноджы ма цы реформæ хъæуы æнæфæцудгæ экономикон рæзынад химæ руадзынæн, ам мæ хъуыдыйы дарын, конкретонæй климаты бонвæтк. Æмæ æппынфæстаг, цы хъæуы конкурентхъом æмæ цифрон экономикæ срæвдз кæнынæн Гуырдзыстоны.
Фæстаг, фæлæ афтæдæр тынг нысаниуæгджын фарста, кæцы æркастыстæм æххæссыд логистикæмæ. Ныхас кууы цæуы регионон бастдзинадыл æмæ интеграцийыл, Гуырдзыстон фидар лидеры роль æххæст кæны æнæ рмæст регионы, фæлæ ма глобалонæй дæр, уымæн æмæ ахæм геополитикон равæрд йем ис ам, ацы регионы» – райхъусын кодта Себастьян Моллинеус.
Информаци ахæлиу кодта Гуырдзыстоны премьер-министры пресскуыст.