Сау Денджызы  донбылыл  ирвæзынгæнджытæ абон 17 адæймагы  аирвæзын  кодтой
Сау Денджызы донбылыл ирвæзынгæнджытæ абон 17 адæймагы аирвæзын кодтой

Мидхъыддæгты министрады  уæлвæтк  уавæрты  фæткдар куысты   доныл ирвæзынгæнджытæ, абон Сау Денджызы  донбылыл  17 адæймагы  аирвæзын  кодтой.  Уыдонæй  фондз  æнахъомтæ  æмæ 12  та  фæсарæйнаг  æмбæстæгтæ сты.   Уый тыххæй   информацийы   хъусын кæны уæлвæтк  уавæрты  фæткдар куыст.

Афтæдæр сæ информацийæ, абон Урекъийы  2 –йæ  3  баллы онг шторм  факсир кæны.   Райтыгъдтой  сырх тырысатæ  æмæ ирвæзынгæнджытæ   улæфджыты  фæдзæхсынц, цæмæй   донмæ ма ныххизой.

Мидхъыддæгты министрады  уæлвæтк  уавæрты  фæткдар куыст сиды  улæфджытæм,  бакоммæ кæсæт   ирвæзынгæнджыты  амындтæм  æмæ бахъахъхъæнæт  æдасдзинады   нормæтæ, ма наыууадзæт   чысыл  сывæллæтты  æнæхъусдардæй,   ма ныххизæт  донмæ нозтджынæй  кæнæ фæснозт уæвгæйæ, ма  бален кæнæт  дардмæ. Уый фæстæ   найыны бар лæвæрд куы æрцæудзæн, уæд райтаудзысты урс  тырысатæ.