«Сандейы Таймс» - министрты кабинеты уæнгтæ домынц Тереза Мэйы куыстуæгъд
Фæсарæйнаг медийы «Сандей Таймсы» информацийæ, миинистрты кабинеты уæнгтæ, домынц Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мэйы куыстуæгъд.
Рауагъдады редактор Тим Шипман куыд фыссы афтæмæй, æмбæлттæ Стыр Британийы премьер-министры ныхмæ «сусæгвæнд» цæттæ кæнынц.
Аналогион информацийы хæлиу кæнынц æндæр Бритайнаг рауагъдадтæ дæр. Сæ нымæцы «Телеграф» æмæ «Дейли Мейл».
Журналисттæ куыд дзурынц афтæмæй, Мэйы куыстуагъд зæгъгæ курынц 11 министр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Иугонд Паддзахады сæргълæууæгæн йæ пост ныууадзын кæндзысты 10 бонмæ, æрмæст йæ бынат та хизгæ периоды министрты кабинеты нымæрдарады къухдариуæггæнæг Девид Линдингтон бацахсдзæн.
Премьертæм æндæр кандидатты нымæцы афтæдæр кой кæнынц, æрдзы хъахъъæды министр Майкл Гоувы æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Джереми Ханты фæдыл.