Самегрелойы коронавирусы апарахат маруадзыны нысанæн мадзæлттæ карздæр кæнынц
Цæрджыты бæрæг хай, æнæмæнгхъæугæ рекомендацитæ не ххæст кæнынц – уый фæдыл Самегрело-Уæллаг Сванеты паддзахадон æвджид, Александре Моцъерелиа, Поты уæлрадон рабадты фæстæ райхъусын кодта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, дæнцæн Зугдиды, знон бирæ адæм уыд уынгты.
Нæ дохтыртæ алы сахат дæттынц информаци, цææмй иунæг амал, кæцы нæ фервæзын кæндзæн эпидемийæ, у хæдзары ныллæууын. Уый тыххæй цæмæй ацы сидт, алкæмæ нæ бахъарыд æмæ не ххæст кæнынц, æххæсткæнынады æрдгæй мах карздæр кæнæм мадзæлттæ»- райхъусын кодта Моцъерелиа. Уый ма афтæдæр бафтыдта, цæмæй зæгъгæ сегасæй стыр рискъы зонæтæ сты Поти æмæ Зугдиди.
«Блок-постытæ, Поты, бацæуæны, рацæуæны, пъæлицæйы тыхтæй æрцæудзæн æвæрд. Зугдиды цæй зæгъын æй хъæуы йæ бацæуæны. Ацы дыууæ горæты сегасæй бæрзонддæр у рискъ. Уым бирæ уæргътæ змæлынц, стæй импортерты бахъæуы ам нылæууын æмæ нæ уый тыххæй контрол фæкарздæр кæнын хъæуы. Зугдиды тыххæй та зæгъæм, цæмæй хъыгагæн абон Абхазы цы уавæр ис уый зонæм, цæмæй контролгонд нæ цæуы æмæ не рцыдысты уагхд уыцы мадзæлттæ мах цы сыххæст кодтам, уый тыххæй рискъ у бæрзонд, куыд Абхазы афтæ алкуыран дæр. Кæд дзы вирус апарахат уа, уæд цæттæ хъуамæ уæм, нæ цæрджыты уым чи цæрынц уыдоны, нæхимæ раласын æмæ сын ам схоскæнын. Афтæмæй Рухы рынчындоны растдæр уы й тыххæй сцæттæ кодтам алы хъæугæ ифтонггæрзтæй» – райхъусын кодта Моцъерелиа.