Саломэ Зурабишвили Мамука Хазарадзейы æмæ Гиорги Гахариайы партиты баиу фæкъуыхцыйы сæйраг ахосæгтæй æнæууæнк, зæрдæхсайд æмæ æнæфидар политикон культурæ схуыдта
Саломэ Зурабишвили абоны брифнгыл уыцы аххосæгтæ ранымадта, кæцыты тыххæй, йæ хъуыдымæ гæсгæ Мамука Хазарадзейы æмæ Гиорги Гахариайы баиу кæнын нæ бантыст.
Зурабишвили куыд банысан кодта афтæмæй, баиукæныны фæдыл бадзырдты фæкъуыхцы, фылдæр уыдис уыцы уавæры аххос, уыцы ивгъуыды, кæцы уæззау у бæстæйы практиконæй алы политикон тыхæн.
«Ацы уавæры дыууæ сæйраг аххосаг сты иу æрдгæй, политикон культурæ, компромиссты бацагуырды куыльтурæ, уымæн æмæ ныр æма нымад цæуы, куыд лæмæгъдзинад. Чи фылдæр ныхатыр кæндзæн, уый йас фылдæр æдыхыл нымад цæуы. Дыккаг ахосаг ацы цауы у уый, кæцы нæ алкæй хæры – æнæууæнк, зæрдæхсайд, кæцы тынг фæкарз ис алыгъуызон конспирацион теоритæй. Ацы аууæл тынг куылымпы кæны базырдты фадат. Мах уыцы моменты стæм, размæ куы хъуамæ кæсæм æмæ ауынæм, цæмæй цы нæ рауадис, уый факт у, фæлæ ацы процесс æрхаста йæхи позитв – иу æрдгæй, равг фæивдта партиты æхсæн æмæ уый, кæцы знон уыдис тынг зын, сындæггай сфæлмæндæри æмæ зæгъæн ис, фидæнон æмгуыстад бирæ æнцондæр у. Кæнæ та æвзæры ног перспективæ, кæцы нын дæтты сурæт, ома хицæнтæй рацæуынц ацы партитæ, фæлæ тынг бæлвырд зыны, сæ нысан у иу. Ацы райсом хартийыл къухбафыст уыд цыппæрæм партийæ æмæ уый у, реаллонæй сеппæтæй фылдæр цы иу кæны ацы цыппар партийы. Æндæр иугæнæг нæй. Уый у цемент», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.