Саломэ Зурабишвили – Национ Разыдзинад у æмæ кæддæриддæр уыдзæн мæ тыхархайд уыцы æрдæм, æмæ уый æрмæст мæ фæнд нæу, уый у нæ дзыллæйы фæнд
Фæнды мæ Сванетæй радзурын, цæмæй мæ нæ рох кæны æмæ национ иудзинад у æмæ кæддæриддæр уыдзæн мæ тыхархайд, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Метсиайы аргъуаны хæзнадон хъахъхъæнджыты æмæ Сванеты историйы æмæ этнографийы музейы директоры хæдивæгы хорзæхджынкæныны церемонийыл райхъусын кодта.
«Алкæмæн нын риссаг у уыцы уæззау фон, кæцы сырæзтис политикон спектры æмæ хсæнады: æгæрон быцæудзинад, поляризаци, æфхæрдтытæ, кæрæдзимæ фыдзæрдæ ахаст, кæцы абон ис, æвæццæгæн сымахæн дæр нæрайсгæ сты. Ацы бæстæ афтæ тыхджын абоны онг уый тыххæй у, æмæ сымах зонут иудзинады нысаниуæг.
Фæнды мæ Сванетæй радзурын, цæмæй мæ нæ рох кæны æмæ национ иудзинад у æмæ кæддæриддæр уыдзæн мæ тыхархайд, фенæм цас мын бантысдзæн фæлæ уый æрмæст мæхи бар нæу, иу цы зонын у уый, цæмæй национ разыдзинад у нæ æхсæнады фæнд! Æхсæнады æцæгæй дæр фæнды басабыр уын æмæ æцæгæйдæр æй фæнды иудзинад, кæцы бæстæйы стыхджын кæндзæн.
Уый цæвиттон нын ис Украинайæ. Иудзинад куы нæ уыдаит, уæд абон Украина уыдаит саст æмæ кæд ацы онг бафæрæзта (æмæ кæд хайгай уæлахиздзинадмæ дæр æрцыд, мæ зæрдæ сын зæгъы уыцы арфæтæ), уый æрмæст уый тыххæй, цæмæй уыдис æмуд, иугонд æмæ иугондæй баззайдзæн! Уый махæн дæр нæ бон у. Æнусты дæргъы иу æвдыстам, цæмæй нæ бон у баиу уæм æмæ уый ферох кæнын гæнæн нæй!» – банысан кодта Саломэ Зурабишвили.