Саломэ Зурабишвили – Национ Разыдзинад у æмæ кæддæриддæр  уыдзæн мæ  тыхархайд уыцы æрдæм,  æмæ уый æрмæст мæ фæнд нæу, уый у  нæ дзыллæйы  фæнд
Саломэ Зурабишвили – Национ Разыдзинад у æмæ кæддæриддæр уыдзæн мæ тыхархайд уыцы æрдæм, æмæ уый æрмæст мæ фæнд нæу, уый у нæ дзыллæйы фæнд

Фæнды мæ  Сванетæй  радзурын,  цæмæй мæ нæ рох кæны æмæ   национ  иудзинад у æмæ кæддæриддæр уыдзæн  мæ  тыхархайд, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили   Метсиайы   аргъуаны  хæзнадон хъахъхъæнджыты æмæ  Сванеты  историйы æмæ   этнографийы  музейы   директоры  хæдивæгы хорзæхджынкæныны  церемонийыл райхъусын кодта.

«Алкæмæн нын риссаг  у  уыцы  уæззау  фон, кæцы сырæзтис  политикон  спектры æмæ хсæнады: æгæрон  быцæудзинад,  поляризаци,  æфхæрдтытæ, кæрæдзимæ  фыдзæрдæ ахаст, кæцы абон ис, æвæццæгæн  сымахæн дæр нæрайсгæ сты.  Ацы бæстæ  афтæ тыхджын  абоны онг  уый тыххæй  у, æмæ  сымах зонут  иудзинады нысаниуæг.

Фæнды мæ  Сванетæй  радзурын, цæмæй мæ нæ рох кæны æмæ  национ  иудзинад у æмæ кæддæриддæр уыдзæн  мæ  тыхархайд,  фенæм  цас мын  бантысдзæн фæлæ  уый æрмæст мæхи бар нæу,  иу  цы  зонын у уый, цæмæй национ  разыдзинад  у  нæ æхсæнады  фæнд!   Æхсæнады æцæгæй дæр фæнды   басабыр уын  æмæ æцæгæйдæр  æй фæнды иудзинад, кæцы  бæстæйы стыхджын кæндзæн.

Уый цæвиттон  нын ис  Украинайæ.  Иудзинад куы нæ уыдаит, уæд абон Украина  уыдаит саст  æмæ  кæд ацы онг  бафæрæзта (æмæ кæд  хайгай  уæлахиздзинадмæ дæр æрцыд, мæ зæрдæ сын  зæгъы уыцы  арфæтæ), уый æрмæст  уый тыххæй, цæмæй  уыдис  æмуд, иугонд æмæ   иугондæй  баззайдзæн!  Уый махæн дæр нæ  бон у. Æнусты дæргъы  иу  æвдыстам,  цæмæй  нæ  бон  у  баиу  уæм æмæ  уый ферох кæнын  гæнæн нæй!»  –  банысан кодта Саломэ Зурабишвили.