Саломэ Зурабишвили Мамука Хазарадзейы æмæ Гиорги Гахариа партитæм баиу кæнынмæ сиды æмæ сæ консультацитæ ауадзынмæ Орбелианиты галуанмæ фæхуыдта
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Мамука Хазарадзейы æмæ Гиорги Гахариайы партитæм баиу кæнынмæ сиды æмæ сæ консультацитæ ауадзынмæ фæхуыдта ОРбелианиты галуанмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили райхъусын кодта брифингыл.
Зурабишвилийы дзырдæй, зæгъгæ бадзырдты фæстаг этап æнæаргъæвгæйæ хъуамæ ацæуа.
«ХЪÆугæ у, оппозицион æвзæрстгæнджытæн æвзæрст фенцондæр кæнæм – позитивон æртыккаг центр, кæцымæ æнхъæлмæ кæсы нейтралон æвзæрстгæнæг æмæ кæцы амалхъом у фæзынын кæна дзыллæйы æххæст мобилизацийæн хъæугæ стимул. Уый м уырны æмæ уый тыххæй райстон хайад алкæимæ консультациты æмæ цæттæ дæн, куыд нейтралон фарс, ацы процнссæн саразон къух. Уынаффæ та дыууæ проевропаг тыхы, иу æрдгæй Иугонд «Тыхджын Гуырдзыстоны» æмæ иннæрдгæй парти «Нахариа Гуырдзыстоны тыххæй» хъуамæ рахæссой. Ныфс дарын, бæстæйæн айбæрц нысаниуæгджын этапыл бафæрздзысты, уыцы къахдзæф саразын, кæцы æвзæрстгæнджытæн фылдæр æргом æмæ цæстæйуынгæ скæндзæн бирæ цыдæр, бауырнын кæндзæн æвзæрстгæнæджы, цæмæй политикон партитæн сæ бон у, бæстæйы фервæзын кæнынæн цыдæр ныххатыр кæной, цыдæр ауæлдай кæной æмæ нысаниуæгджын ролы сыххæст кæной европаг фидæны аирвæзын кныны, кæцы сын ничи ферох кæндзæн. Уый тыххæй райын Мамука Хазарадзейы æргомæй равдыст цæттæдзинадæй, æмæ афтæдæр цæттæдзинадæй, кæцы зогнын цæмæй ис Гиорги Гахариайы æрдгæй. Æвзарæнон къæлиндар цъус рæстæг нын уадзы кæронбæттæн уынаффæтæн. Уый тыххæй сом Орбелианиты галуанмæ сæ хонын дыууæдæр политикон тыхы, цæмæй бадзырдты фæстаг этап ацæуа æнæаргъæвгæйæ. Ме рдгæй, æххæста фарсхæцын æмæ æцæттæдзинад ис, цæмæй апцы процпесс æнтыстджынæй фæуа æмæ нæ фæхæццæ кæна уæхлахиздзинадмæ. Уырнæг дæн дзыллæ уæ раст уый æнхъæл у» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.