Саломэ Зурабишвили Майя Сандуимæ иумæ, дыууæ бæстæйы хæлардзинады нысанæн, гуырдзиаг эндемикон хуызы кавказаг назыбæлас ныссагъдта
Гуырдзыстоны президент Майя Сандуимæ иумæ, Кишинеуйы дыууæ бæстæйы хæлардзинады нысанæн, Гуырдзыстонæй цы эндемикон мыггаджы кавказаг назыбæлас ныссагъдта.
Церемони молдоваг традицимæ гæсгæйæ, Кишинеуйы ботаникон паркы ацыд .
Президент молдоваг коллегæйæн кавказаг назыбæласы фæдыл информаци базонын кодта æмæ банысан кодта, цæмæй назыбæлæсты мыггаджы ис 40 æндæр æмæ æндæр хуызтæ, уыдонæй иунæг эндемикон хуыз у Гуырдзыстоны ахæлиугонд кавказаг назыбæлас (Abies nordmanniana), ацы хуызыл фæнысангонд ном сæвæрдтой финнаг зоолог æмæ ботаник профессор Александра фон Нордманнайы номæн. Растдæр уый ссардта 1835 азы ацы хуыз Борджомы цæгат-хурыскæсæны.