Саломэ Зурабишвили – кæд нæ хъæуы хæдбарад, кæд ис нæ иуæймаг тас, иумæ тох кæнæм нæ кæрæдзий нæ æцæгдæр хъæуы паддзахад, уæд нæ зондмæ æрцæуæм, ауынæм, кæмы ныхм æнæ фæлæ нæ иумæйаг знаджы ныхмæ
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Мухатгвердийы æфсымæрон уæлмæрдмæ фæзындис, цы ран 2008 азы августы хæсты фæмардуæвæг хæцджытæн сæ ном ссардта.
Саломэ Зурабишвили журналисттимæ ныхасы куыд загъта афтæмæй, уæдмæ уыдис Светицховелийы, цы ран Шовы стихийы фæстиуæгæн æмæ августы хæсты рæстæджы фæмардуæвæг адæймæгты удты тыххæй скуывдта.
Уыимæ Саломэ Зурабишвили æхсæнады иудзыинады æрдæм раздæхта йæ хъусдард.
«Цъус рæстæг рамæ уыдтæн Светицховелийы цы ран панихидæ скодтой Рачъайы фæмардуæвæг адæймæгтæн, кæцытæ нырма гæнæн ис удæгас дæр сты æмæ гæнæн ис, æрыздæхой сæ бинонтæм, уый тыххæй фæкуыывдтой. Иурæстæгонæй скуывдтой 2008 азы хæсты Гуырдзыстоны иудзинадæн тохы фæмардуæвджыты удты тыххæй дæр.
Ацы дыууæ трагедийы, кæцытæ дыууæдæр августы æрцыд, гæнæн ис кæронмæ кæрæдзийы æнгæс не сты. Нæ ныхмæ хæцы знаг, куы хæцгæйæ куы та фæлмæн тыхæй, кæцы ацы фæстаг рæстæджы тынг зыны æмæ кæцыйы ныхмæ хъæуы, цæмæй иумæ уæм, афтæма нæ ныхмæ архайы мæсты æрдз, кæцыйы раз афтæдæр хъуамæ баиу уæм.
Ахæм фидиуæнтæ хъуысынц, æмæ социалон хызæгты цæуынц фыст, кæцы мæнæн абон нæрайсгæ сты. Уырнæг дæн, ай æппæт нæрайсгæ у гуырдзиæгтæн æмæ Гуырдзыстонæн. Кæд нæ хъæуы хæдбарад, цæй тыххæй дæр тох кодтой уыцы адæймæгтæ, кæцытæ ацы уæлмæрдыл сты æвæрд, кæд нæ ацы хæдбардзинад æцæгдæр хъæуы, кæд нæ хъæуы паддзахад, уæд нæ зондмæ хъуамæ æрцæуæм, ауынæм, кæм ис нæ иумæйаг тас æмæ нæ кæрæдзий ныхмæ тох нæ фæлæ – иумæ схæцæм иумæйаг знаджы ныхмæ», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.