Саломэ Зурабишвили – «Аккаг Партнер 2020» ахуыры роль Гуырдзыстоны иргъæфхъомад фæтыхджындæр кæнынæн иттæг нысаниуæгджын у
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили «Аккаг Партнер 2020» ахуырæй райгонддзинад æвдисы.
«Райгонд дæн бирæнацион ахуыр «Аккаг Партнер 2020»-æй кæцыйы Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады тыхтимæ иумæ хайад исынц НАТО-йы цыппар бæстæйы, АИШ, Стыр Британийы, Францы æмæ Польшæйы минæвæрттæ.
Иттæг нысаниуæгджын у ацы æхсæнадæмон ахуырты роль Гуырдзыстоны иргъæфхъомад фæтыхджындæр кæнынæн æмæ Евро-атлантикон интеграцийы æрдæм, кæцыйæ æппæтыфæстаг нысан у стабилондзинады æмæ сабырад фæфидар кæнын», – хъусын кæны Саломэ Зурабишвили.
«Аккаг Партнер 2020» официалонæй абон байгом ис.