«Аккаг Партнер 2020»  официалонæй   абон  райдыдта  [фото]
«Аккаг Партнер 2020» официалонæй абон райдыдта [фото]

«Аккаг Партнер 2020»  официалонæй   абон  райдыдта. Ахуыры официалон байгоммæ  Гуырдзыстонмæ  уæлдæфон фæндагæй  этапгай  нырид æрцыд  хайадисæг бæстæты   сæрмагонд сконд,  æрмæст  денджызы уылты Потийы   портмæ америкаг  æфсæддон  техникæимæ  нау  «Ocean Freedom»  АИШ-æй æрцыд.  Æфсæддон техникæйы къанвой, кæцыйыл партнерады  нысанæн  символонæй  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  паддзахадон тырысатæ  уыд   фидар, ахуыры театры – Вазианы æрдæм маршæй ацыд.

«Аккаг Партнер 2020»  кæцыйæн Гуырдзыстон нырид фæндзæм хатт фысым кæны   официалонæй  абон  Вазианы  IV механизацигонд бригадæйы  фæзыл   байгом уыдзæн æмæ 18  ентябрмæ  аххæсдзæн.  Ацы аз  бирæнацион  ахуырты, Гуырдзыстон  НАТО-йы  цыппар бæстæимæ – АИШ-ы, Иугонд Паддзахады, Польшæ æмæ  Франимæ иумæ  исы  хайад.

Ахуырты нысан у  Гуырдзыстоны, АИШ-ы æмæ  партнер  бæстæты   цæттæдзинады æмæ æмбинатиндзинады  фæхуыздæр кæнын, Сау Денджызы  регионы  стабилон  æмæ æдас уавæр хъахъхъæнынадмæ хайбавæрд.  Растдæр уый  тыххæй   ахуырты сæйраг æрвитæггаг у – «Тых Партнердзинады ис».