Саломэ Зурабишвили - æз рагагъоммæ фæстиуджытæ хъусын кæнын нæ хъавын, куыд уæздан гуырдзиаг æмæ европæйаг, æнхъæлмæ кæсдзынæн фæстиуджытæм
Саломэ Зурабишвили - æз рагагъоммæ фæстиуджытæ хъусын кæнын нæ хъавын, куыд уæздан гуырдзиаг æмæ европæйаг, æнхъæлмæ кæсдзынæн фæстиуджытæм

Æз рæстæгæй раздæр фæстиуджытæ фехъусын кæнын нæ хъавын, куыд аккаг гуырдзиаг æмæ европæйаг, æнхъæлмæ кæсдзынæн фæстиуджытæм, – расидтис президент, Саломэ Зурабишвили.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, психологон æлхъывдадæн дзуапп у хиуыл æууæндындзинад, æвзæрстытæм ацæуын æмæ фæстиуджытæм æнхъæлмæ кæсын.

«50 минуты ма баззад, бынатмæ чи нæма æрбахæццæ, уыдонæн ма уын ис ноджы 50 минуты, цæмæй уырдæм бахæццæ уат. Уæд фæсмон ма кæнут, бæстæйы фидæн скъуыддзаг кæныны хайад кæй нæ райстат, ууыл. Абон у бон æмæ кæй фæнды ацы историон фарсы хай суæвын, уыдон хъуамæ ныртæккæ æрбацæуой ардæм. Æндæр рæстæг нæ уыдзæн сымахæн, уæ сывæллæттæн æмæ Гуырдзыстоны фидæнæн.

Фæнды мæ фæсарæнты нæ эмигранттæн зæрдыл æрлæууын кæнон, цæмæй изæры 8:00 сахатыл рады чи лæудзæн, уыдонæн бар ис æрдомын, цæмæй къамисæй рацæуа адæймаг, кæцы аст сахатыл рады чи лæууы, уыдоны се ‘ппæты дæр хъуамæ ныффысса; Алчидæр дзы хъуамæ архайа. Аст сахатæй фæстæдæр чи æрбацæуа, уыдонæн сæ бон нæ бауыдзæн. Уый у дæ хъахъхъæныны бар.

Афтæ дæр мæ фæнды зæгъын уыцы адæймæгтæн, кæцыты гæнæн ис тыхсын кодта фылдæры хайы минæвæртты расидæнтæ. Уыдон тынг æнæдемокративон, тынг æнæевропæйагæй хъусын кæнынц, цæмæй мах ныридæгæн фæуæлахиз стæм. Дзурынц, зæгъгæ, мах цыдæр æххæст кæндзыстæм сценарийы. Хъусын кæнынц нын, спецназ хицауады бæстыхаймæ ныридæгæн кæй бахызт. Ма тæрсут, уый æппæт дæр у психологон æлхъывдад уæ уæлæ. Цавæр дзуапп ис психологон æндæвдадæн – хиуыл æууæндын, æвзæрстытæм цæуын æмæ фæстиуджытæм æнхъæлмæ кæсын. Æз ам сценæ нæ сараздзынæн, хатдзæгтæ рагацау нæ фехъусын кæндзынæн. Куыд европæйаг æмæ куыд уæздан гуырдзиаг, æнхъæлмæ кæсдзынæн фæстиуджытæм. Рæстæг куы æрцæуа, уæд фæстиуджытæ иууылдæр иумæ базондзыстæм. Ма тæрсут,  уырнæд, æнхъæлмæ кæсæм уыцы фæстиуæгмæ, кæцыйæ ныфс бавæрдтат нæ бæстæйы фидæнæн», – расидтис Саломэ Зурабишвили.