Саломэ Самадашвили – ис нын къухбафыст фидыд æмæ дыууæдæр фарсæн, цыфæнды ивддзинæдтыл, æрмæстдæр медиатортимæ иумæ уыдзæн нæ бон ныхас кæнын
«Националон Змæлды» уæнг Саломэ Самадашвилийы фидиуæнæй, бадзырд къухбафыст у æмæ фарсытæ исты ивддзинадыл æрмæст медиатортимæ иумæ гæнæн ис ныхас кæной.
«Ис нын бадзырд, кæцы къухбафыст у æмæ исты ивддзинадыл ныхас гæнæн ис æрмæстдæр дыууæ дæр фарс, медиатортимæ иумæ кæнæм, уый тыххæй сом алцыппæт ацæудзæн плангонд куыд у афтæ. Фенæм уыдзæн æви нæ бадзырд «Гуырдзиаг Бæллиццимæ» аминистийы законопроеты фæдыл иумæйаг позицийыл» – банысан кодта Самадашвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æввахс фидæны, æфхæрдæххæстгæнæг уагдоны Ника Мелиайы бæрæгдзау бацæуын хъавы.
Бакой уын кæндзыстæм, Ника Мелиа сиды оппозицийы уыцы минæвæрттæм, кæцытæ къух бафыстой Европаг Советы президент Шарль Мишелы документыл. Мелиа сæм æрсидтис, «ма райсæт хайад историйы ногæй рафыссыны худинаггаг архайды, кæцы 20 июны Гавриловы æхсæвы амнисти хуыйны».
Уымæй уæлдай ма Ника Мелиа басидтис документыл къухбафыссæг «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» дæр,фæстæмæ айсæт амнистийы фарста æмæ хъусын кæны, цæмæй ахæм цауы цæттæ у йæхимæ айса бæрн, сразы уа Евроцæдисы æнхъарæныл цъынды бафидыны тыххæй.