Саломе Зурабишвили, æвзарæнон кампанийы райдайдзæн Диди Джихаишийæ, Нико Николадзейы хæдзар-музеййæ
Депутат Саломе Зурабишвили, прездиенттæм кандидатæй регистрацийы нысанæй, абон Централон æвзарæнон камисмæ официалонæй бахаста куырдиат.
ЦÆК-мæ æмбæлон куырдиат бахаста Саломе Зурабишвили инициативон къорды уæнгтимæ иумæ.
Саломе Зурабишвилийы фидиуæнæй, хъæугæ къухфыстыты бамбырд кæнын райсомæй райдайдзæн, æвзарæнон кампанийы та, цыппæрæмы 16 августы Диди Джихаишийæ, Нико Николадзейы хæдзар-музеййæ райдайдзæн.
«Райсомæй нæ фарсхæцджытæ Тбилис æмæ регионты къухфыстыты æмбырд кæнын райдайдзысты. Æз дæр зилдзынæн алы рæтты, адæм кæм æмбырдкæндзысты уым, цæмæй сын къухфыстыты æмбырд кæнын баххуыс уон. Мæ официалон кампанийы цыппæрæмы Диди Джихаишийæ, Нико Николадзейы хæдзар-музеййæ райдайдзынæн. Мæнмæ гæсгæ, растдæр уырдгæй хъуамæ райдаон мæ кампани ææ уырдгæй райхъусын кæнон, цахæм сты мæ плæнттæ « – райхъусын кодта Саломе Зурабишвили.
Инициативон къорды сконды сты 12 уæнгы, сæ нымæцы: режиссер Темур Баблуани, историкъ Гиорги Каландиа æмæ модель Тако Чхеидзе.