Salerno Today -  Салернойы  хæдзары стыгъды рæстæджы иу гуырдзиагы æрцахстой
Salerno Today - Салернойы хæдзары стыгъды рæстæджы иу гуырдзиагы æрцахстой

Италийы сахар Салернойы,   хæдзары стыгъды   рæстæджы   иу гуырдзиагы æрцахстой.

Информацийы уый фæдыл   публикаци кæны  бынæттон     рауагъдад,  Salerno Today.

Рауагъдады  хзъусинагæй,   æхсæвы æртæ   сахатмæ  æввахс,  карабиннертæ   уынджы    патрул кæныны рæстæджы, иуæй-иу цæрæн хæдзары цур фæфиппайдтой   гуырысхойаг  хæдтулгæ.

Барадахъахъхъæнджытæ  бæстыхайы  фæндзæм  уæладзыгыл  уæвæг иуæй-иу  хæдзары   æртæ  къæрныхы   ссардтой,  кæцытæ   сейфы басæттын архайдтой.

Фыдгæнджыты æхсæн   гуырдзиагæй  дарддæр, иу италиаг æмæ  иу польшайаг  уыдысты.

Фыдгæнджытæ  барадхъахъхъæнджытæм фæбыцæу сты, фæлæ бынатмæ   карабиннерты  æфтауцæй тыхтæ  куы бацыдысты,  уæд се æртæйы  дæр æрцахстой.